Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Мака Бочъоришвили, Люксембургы Евросоветы министрады фæлгæтты Лихтенштейны вице-премьер, фæсарæн хъуыддæгты, алфæмблайы æмæ культурæйы министр Сабина Монаунимæ фембæлд.
Фембæлдыл министртæ æркастысты дыууæфарсон хæларадон ахастытæм æмæ дыууæ бæстæйы æхсæн æмкуысткæнынадмæ бирæвæрсыг форматы, се æхсæн Евросоветы фæлгæтты. Министртæ сæ хъус æрдардтой æндæр æмæ æндæр здæхтыты æмгуыстад парахат кæныны стыр гæнæнтæм.
Фарсытæ ма æркастысты дунейы æмæ регионы æдасдзинады фарстатæм. Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Лихтенштейны вице-премьерæн оккупацигонд территоритыл уæвæг уавæры фæдыл информаци баххæст кодта æмæ бахахх кодта Гуырдзыстоны оккупацийы фарста Евросоветы мидæг бæрзонд æмвæзады боны фæткы уæвыны нысаниуæгдзинад.
Мака Бочъоришвили йæ коллегæйы Гуырдзыстонмæ фæхуыдта.