Мака Бочъоришвили фембæлд Китайы Адæмон Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Ван Иимæ
Мака Бочъоришвили фембæлд Китайы Адæмон Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Ван Иимæ

Пекины официалон визиты фæлгæтты, Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министр Мака Бочъоришвили Китайы æттаг хъуыдтæгты министр Ван Иимæ фембæлд. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад парахат кæны.

Министрады информацийæ, фарсытæ Гуырдзыстон æмæ Китайы æхсæн дыууæфарсон партнерады фарстатыл фæныхас кодтой.

«Бочъоришвили Мака китайаг коллегæйæн бузныг расидтис Гуырдзыстоны цытджын уазæгæй Китайы æппæтдунеон импортон равдыстмæ æмæ бæрзонд æмвæзады уазæгуарзондзинады тыххæй.Ныхас афтæдæр баххæсыд экономикæйы, ахуырады, зонады, культурæйы æмæ туризмы сферæты æмахастыты фæкарздæр кæныны нысаниуæгыл.

Уæлдай æргом аздæхтой Кавказы регионы ахадындзинад æмæ бастдзинады æрдгæй йæ гæнæнтæй æххæстæй спайда кæныны фадæттыл. Уый фæдыл акцент æрцыд Гуырдзыстоны сæрмагонд ролыл Астæуккаг къæлидоры размæцыды.

Ныхас баххæссыд базарадон æмæ экономикон бастдзинæдты динамикæмæ, ацы контексты сæрибар базарады бадзырды нысаниуæгмæ æмæ фидæны æмкуыстдзинады перспективæтæм. Фембæлдыл бахахх кодтой Китайы фарсылхæцындзинад Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн, афтæ дæр Гуырдзыстоны фарсылхæцындзинад «Иу Китайы» политикæйæн.

Банысанкæнинаг у, цæмæй фæстаг 10 азы мидæг, уый уыд Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министры фыццаг официалон визит Китаймæ æмæ 2019 азы фæстæ та дыууæ бæстæйы æхсæн фыццаг дыууæфарсон фембæлд. «бæстæйы æттаг хъуыдтæгты министрты æхсæн» – ис фыст æттаг хъуыдтæгты министрады расидæны.