Мака Бочъоришвили фембæлд Антонио Гутерришимæ ИНО-йы адæймаджы барты советы 58-æм сессийы рæстæджы
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Мака Бочъоришвили Женевæйы ИНО-йы генералон нымæрдар Антонио Гутерришимæ фембæлд, ИНО-йы адæймагы барты советы 58-æм рабадты фæлгæтты.
Ныхас баххæссыд Гуырдзыстоны хайадистмæ Иугонд Нациты Организацийы æмæ йæ институтты архайдтыты, афтæ дæр организацийы нысаниуæгджын ролыл дунейы сабырад æмæ рæзынады сифтонг кæныны хъуыддаджы.
Министр бузныг расидтис генералон нымæрдарæн Гуырдзыстоны æрдæм æвдыст фарсылхæцындзинады тыххæй. Ныхас Гуырдызстоны оккупацигонд регионты уæвæг уавæрмæ баххæссыд.
Фембæлдыл фарсытæ сæрмагонд хъусдард аздæхтой ИНО-йы активон хайадистмæ Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты.
Гуырдзыстоны фæдыл ИНО-йы резолюциты нысаниуæгдзинад ноджы иу хатт банысан ис.
Фембæлдыл фарсытæ дунейы æмæ регионы æдасдзинады фарстатæм сæ хъус æрдардтой æмæ ацы контексты сабырад æмæ стабилондзинад бахъахъхъæныны нысаниуæгдзинад бахахх кодтой.
Фембæлдыл ныхас цыд Гуырдзыстоны экономикон рæзынады позитивон динамикæйыл æмæ йæ ролыл регионы.