Мака Бочъоришвили - Фæстаг 30 азы мидæг цалдæр хæст рацыдыстæм, сабырад тынг нысаниуæгджын у æмæ алчидæр хъуамæ æмбара, цæмæн нæ разæнгард кæны сабырадон размæцыды фæндон
«Фæстаг 30 азы мидæг цалдæр хæсты рацыдыстæм, сабырад тынг нысаниуæгджын у æмæ алчидæр хъуамæ æмбара, цæмæн нæ разæнгард кæны бæстæйы сабырадон размæцыды фæндон», – райхъусын кодта фæсарæн хъуыддæгты министр Мака Бочъоришвили Болгарийы националон телеуынынады интервьюйы.
Мака Бочъоришвилийы ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны цæугæ цаутæ дывæр стандартæй аргъ кæнынц.
«Æз зæгъдзынæн, цæмæй Гуырдзыстоны цæугæ цауты аргълæвæрд кæнæ та Гуырдзыстоны æмæ æндæр бæстæты политикæ абарын куы хъæуы, уæд мах кусæм дывæрон стандарттимæ». Фæстиуæг иттæг ирд у – æвзæрстыты дыууæ милуанæй фылдæр гуырдзиаг иста хайад æмæ æввахсдæр 1.2 милуан схъæлæс кодтой «Гуырдзиаг Бæллиццы» фарс. Ацы хицауадæн тынг фидар фарсылхæцындзинад ис гуырдзиаг æхсæнады ‘рдыгæй. Ивгъуыд æвзæрстыты фæстиуджытæ дызæрдыг кæнынæн реалон аххосаг нæй. Никæй фæнды, цæмæй уавæр фæкарздæр уа æмæ йæм чи æххуыс кæны. Мах арæх уынæм иувæрсыг аргълæвæрдтæ цæугæ цаутæн, кæцытæ æвзæрын кæнынц мæнг æнкъарæн Гуырдзыстон æмæ бæстæйы цæугæ процессты фæдыл.
Мах нырма дæр уырны, цæмæй æппæт бæстæтæ, кæцытимæ азты дæргъы уыдыстæм хæлæрттæ, фæстагмæ æрыздæхдзысты хæларадон ахастытæм æмæ æнхъæлмæ кæсдзыстæм уыцы моментмæ. «Стратегион быхсындзинад у нæ сæйраг политикæ, кæд æмæ ныхас цæуы нæ рагон партнертимæ ахастыты фæдыл», – райхъусын кодта Бочъоришвили.