Фæсарæн хъуыддæгты министр Мака Бочъоришвили фыццаг официалон визитæй Азербайджаны Республикæмæ 16-æм январы уыдзæн. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны æддаг хъуыддæгты министрад парахат кæны.
Министрады информацимæ гæсгæ, визиты фæлгæтты Мака Бочъоришвили Азербайджаны республикæйы æддаг хъуыддæгты министр Джейхун Байрамовимæ фембæлд ауадздзæн куыд лæгæй-лæгмæ, афтæ дæр рауæрæхгонд форматы. Фембæлды фæстæ дыууæ бæстæйы æддаг хъуыддæгты министрты иумæйаг пресс-конференци сырæздзæн.
Афтæ дæр министр сæвæрдзæн венок Æнусон арты мемориалы цур Хъизæмаргæнджыты аллеяйы æмæ кад скæндзæн фæмардуæвджыты номарæн.