Майы Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн Еврокамисы президент Жан-Клод Юнкер. Юнкеры визитмæ гæсгæ, комментарий Брюсселы сарызта еврокамисар Йоханнес Ханн. Йоханнес Ханны фидиуæнæй, уый Юнкеримæ иумæ æрцæудзæн Гуырдзыстоны сæйраг сахармæ.
Юрюсселæй делегаци æрцæудзæн Гуырдызстоны хæдбардзинады бонмæ. Делегацийы уæнгтæ хайад райсдзысты Тбилисы плангонд мадзæлтты.
Еврокамисар райхъусын кодта, цæмæй йæ визит афтæдæр плангонд у сентябрьмæ. Ханн Фыццаг Къаналимæ ныхасы рæстæджы куыд расидтис афтæмæй, сентябры Тбилисы байгом уыдзæн европæйаг скъола.
«Æз æрцæудзынæн Европæйаг скъолайы байгомы церемонимæ. Уый уыдзæн Гуырдзыстоны ориентацийы нымадмæ райст. Алцыппæт ай та ахъаз уыдзæн Гуырдзыстоны стабилондзинады æмæ экономикон рæзынадæн» – загъта Ханн.
Европæйаг скъолайы, кæцы Тбилисы байгом уыдзæн, ахуыр цæудзæн англисаг взагыл æмæ йæ ахуыргæнинæгтæ райсдзысты æхсæнадæмон æмвæзадыл нымадмæ ист аттестаттæ.