Европаг Скъола  у  æмкуысткæнынады,  хæларады æмæ Европаг  аргъдзинæдты  банымад  дæнц
Европаг Скъола у æмкуысткæнынады, хæларады æмæ Европаг аргъдзинæдты банымад дæнц

-уый фæдыл   Европæйы  сыхагон   политикæйы  æмæ   ауæрæхы  фарстаты  еврокамисар   Йоханнес  Ханн европаг   Скæсæн Партнерады уæнг  бæстæтæй  бакалавриаты  ахуыргæнинæгтимæ  фембæлды  фæстæ райхъусын кодта.

Йоханнес Ханны дзырдæй,   дипломы, кæцыйы   ахуыргæнинæгтæ  «Европаг   Скъолайы» райсдзысты,  дунейы  алы  университеты цæудзæн нымадмæ ист.

«Тынг Амондджын дæн цæмæй  и афæдзы фæстæ  ардæм æрыздæхтæн, ацы  скъолайы инаугураци  нын куы  уыд  уæд.  Ай  у  фыццаг  ахæм скъола  евроцæдисы  фæлгæтты æддæйæ.  Мах алы амæлттæй  баахъаз кæндзыстæм уый, цæмæй  скъола  уа  бирæ æвзагон.  Сæйраг та  уый у æмæ, скъолайы  ис  европаг аргъдзинæдтæ, афтæдæр æхсæнадæмон  дипломы, кæцыйы  сывæллæттæ райсдзысты, дунейы  алы  университеты  уыдзæн нымадмæ ист. Ай  у стыр   инвестици  не рдгæй.  Уый тыххæй,  цæмæй   Скæсæн партнерады  æхсæз  бæстæйы  минæвæрттæ   ахуыр кæндзысты  иумæ, иттæг нысаниуæгджын у,  цæмæй  сын уа  ахæм иумæйаг цæрæн уат, цы ран иумæ  уыдзысты  æмæ хуыздæр базондзысты кæрæдзийы», –  райхъусын кодта Йоханнес Ханн.

Йоханнес  Ханн  Лисийы  цады  алфамбылай  Гуырдызстоны  ахуырады  министр Михеил Батъиашвилиимæ   æмæ Тбилисы   мэр Каха  Каладзеимæ  иумæ,   евроцæдисы стандарттæм æмбæлон   «Европаг Скъолайы»   ног  бæстыхайы  æмæ иумæйаг  цæрæн уаты  арæзтады бынатыл  символон капсула  нывæрдзæн.

«Европаг Скъолайы» арæзтад 2023 азы хъуамæ фæуа.