Майкл Макфол - Уæрæсеимæ бадзырдтæ райдыдтаин æркуырдæй, - акæнæт йæ æфсæддæ Днестргæронæй, фæстæмæ ахонæт Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы банымад, рацæуæт Хъырымæй
Путины фæнды Ялтайы конференци сног кæнын æмæ Европæйы æдадсзинады амондыл Вашингтонимæ рæныхас кæнын, уый нымæцы Гуырдзыстоны æдадсзинадыл дæр, – уый фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн АИШ-ы раздæры президент, Барак Обамайы раздæры уынаффæгæнæг, Уæрæсеимæ ахастыты политикæйы ранæуæгы иуæй-иу автор æмæ Уæрæсейы АИШ-ы раздæры минæвар Майкл Макфол фехъусын кодта.
Фарстыл, цас реалон у Уæрæсейы æртхъирæн, у йæ бон æви нæ Европæйы ног хæст райдаын æмæ цавæр уыдзæн дзуаппон реакци ныгуылæнæй, Майкл Макфол рахъйусын кодта, цæмæй Путин æртхирæн кæны Украинамæ, цæмæй ныгуылæнæй æмæ йæхæдæг Украинайæ дæр райса фæхатыр.
«Уæрæсейы сæм тæссаг кæсы Украинайы НАТО-ы уæнгæй суæвын нæ фæлæ демокративон Украина. Уый у бæлвырд. Путин йæхæдæг æрымысыд ацы кризис. НАТО нæ хъаввыд Украинайы райсын æмæ Байдены администрацийы дæр ацы фарстыл ивд у. Ацы кризис у Путины арызт. Дыккаг фарста уый мидæг ис, цæмæй ныр уый ноджы фылдæр æрфæндыд, АИШ æмæ НАТО-имæ фидыды проектты публикаци куы скодта уæд, кæцытæ æххæссынц Европæйы æдасдзинадмæ. Фæнды мæ банысан кæнын, цæмæй АИШ-ы хицауады фондзы азы дæргъы куыстон æмæ Уырыссæгтимæ бадзырдты уыдтæн баст, стратегион хæцæнгарз фæкаддæр кæныны фæдыл бадзырды æмæ афтæдæр Уæрæсейы дунейы базарадон организацийы уæнгсуæвыны фæдыл бадзырдты рæстæджы», – райхъусын кодта Майкл Макфол.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ АИШ, европаг æмцæдисонтæ æмæ партнертæ хъуамæ дзуапп раттой Уæрæсейы æнхъарæнтæн æмæ уый хъуамæ сырæза дыууæ фæндагæй.
«Фыццаджы дæр нæзагъд ракæнын бавдисгæ форматыл. Путины фæнды Ялтайы конференци ранæуæг кæнын æмæ Европæйы æдасдзинады амондыл Вашингтонимæ æрныхас кæнын, уый нымæцы, Гуырдзыстоны æдадсзинадыл дæр. Фæнды йæ, цæмæй Вашингтон æмæ Мæскуы ахицæн кæной, æндæр амонд. Уæрæсейы нæдæр Бритайнæгты баиу кæнын фæнды. Уый та æцæг нæрайсгæ у. Сема ма хъуамæ сразы уæм. Европæйы æдасдзаинадыл европæгтæй цух æрныхас кæнын гæнæн нæй. Ног Ялтайы бæсты, хъуамæ спайда кæнæм Хельсинкийæ. Хельсинкийы хатдзæгон акт 1970 азты у ист æмæ ацы бадзырды баст уыдис алы Европаг бæстæ. Ахæм формат йæ хъуыдыйы дары Гуырдзыстон æмæ Украинайы бастдзинад æмæ растдæр уый у раст формат. Дыккаг фарста хауы бадзырдты аппмæ. Путин нырид бавдыста сæрмагонд æркуырдтæ, уый тыххæй дæр мæнмæ гæсгæ президент Байден, Европаг лидертæ афтæдæр хъуамæ радзурæт уый, кæцы сæ хъуыдымæ гæсгæ стыхджын кæндзæн Европæйы æдасдзинад. Æз райдыдтаин æркуырдæй, цæмæй Уæрæсе акæна йæ æфсад Днесгæронæй, фæстæмæ ахонæт Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбарад банымады фæдыл уынаффæ æмæ ныууадзæт Гуырдзыстоны ацы хæйттæн æфсæддон æххуы, цæмæй фæзына Гуырдзыстоны аиу кæныны фæдыл реалон бадзырдты райдаыны фадат, Уæрæсе хъуамæ рацæуæд Хъырымæй, уымæн æмæ æнæлегалон анекси уыд æмæ ацы территори хауы Украинамæ, Уæрæсе афтæдæр хъуамæ ныууадзæт сепаратисттæн æххуыс кæнын Украинайы хурыскæсæны, хъуамæ фæстæмæ ракæнæт «Искандеры» типы ракетæтæ Калининградæй, кæцы дестабилизацигæнæг у Европæйы æдасдзинадæн.
Нæ зæрдыл куыд лæууы афтæмæй, Хельсинкийы хатдзæгон акты дзырдæуы æнæрмæст ацы бæстæты, фæлæ индивидуалон уæнгты æдасдзинадыл дæр. Уый иттæг нысаниуæгджын принцип у. Уый тыххæй Уæрæсе хъуамæ ныууадзæт индивидуалон уæнгты марын, уыдзæн уый Лондоны – Литвиненко, Солсберийы – Скрипал, кæнæ берлины æрцæугæ марындзинад; афтæдæр марныдзинæдтæ кæцытæ уыд Уæрæсейы. Дæнцæн Борис Немцовы марындзинад Мæскуыйы æмæ Алексей Навальныйы амарын хъавд Томскы. Алы уæлдæрбанысангонд архайд у Европаг æдасдзинады ныхмæ æмæ Уæрæсе уыдæттæ хъуамæ ныууадзæт. Мæ бон у ацы номхыгъдыл дзурын дарддæр кæнын, кæцы уый амонæг у, цæмæй Путины Уæрæсе абон Европайы æдасдзинадæн сæйраг дестабилизацион тых у. Европæйы æдасдзинады кой куы кæнæм, уæд æз цы агрессивон архæйдтæ æрнымадтон уыдоныл хæъуы тæрхон кæнын», – райхъусын кодта Майкл Макфол.