Майкл Блумберг  разæвзарæнон марафонæй рацух ис
Майкл Блумберг разæвзарæнон марафонæй рацух ис

Майкл   Блумберг  разæвзарæнон марафонæй  рацух ис.   Уый  Уый фæдыл  хъусын кæны «ВВС».

Стыр Британийы  Æхсæнадон Уацхæссæджы  хъусинагæй,  Нью-Йоркъы  раздæры   мэр, фæнысангонд  скуыддзаг райста  «Супер Дыццæджы»  номæй  зындгонд  мидпартион   æвзæрстыты  фæстæ,   кæцыйы  рæстæджы  уый  14  штатæй  æрмæст   æртæйы  фæуæлахиз ис.

«Æртæ мæй  размæ  баиу дæн   президентон   марафонмæ, цæмæй  Дональд Трампы басастаин. Абон æз   марафонæй   мæхи айсдзынæн раст уыцы   æфсонæй» – райхъусын кодта Майкл Блумберг æмæ ма  бафтыдта, цæмæй  зæгъгæ  йæ  фарс рахæцдзæн Джо  Байденæн.

Америкаг медиа  куыд хъусын кæны  афтæмæй,   Нью-Йоркъы  раздæры мэр, разæвзарæнон  кампанийы   сæрмагонд  суммæтæй  æрдæг миллиард  доллар  бахардз кодта.