Майк Помпео – Уырыссаг оккупацийы уавæрты, нæ фарс хæцын Гуырдзыстоны суверенитетæн æнæфæцудгæ у, АИШ-ы Гуырдзыстонимæ æмгуыстад иттæг нысаниуæгджын у
Уæрæсейæ оккупацийы уавæрты, Гуырдзыстоны суверенитетæн нæ фарс хæцын æнæфæцудгæ у – уый фæдыл АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпео, микроблог «Твиттеры» ныффыста.
Помпео банысан кодта, ома Гуырдзыстоны президентимæ Саломэ Зурабишвилиимæ фембæлдæй райгонд у.
«Райгонд дæн президент Саломэ Зурабишвилиимæ Тбилисы, абоны фембæлдæй. АИШ-ы æмгуыстад Гуырдзыстонимæ фыццагон нысаниуæгджын у æмæ уырыссаг оккупацийы уавæрты, Гуырдзыстоны суверенитетæн нæ фарс хæцын у æнæфæцудгæ», – фыссы Майк Помпео.
Америкæйы Иугонд Штатты паддзахадон нымæрдар Майк Помпео æмæ Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилийы фембæлд абон президенты администрацийы ацыд.