Майк Помпео - Европæйы хъахъхъæнынады инициативæйы æвæрд æрцыд 11 миллиардæй АИШ-ы доллар, не æххуысæй хæдиргъæвæн хотыхтæ Гуырдзыстон æмæ Украинæйæн рæувадат фестадысты
Европæйы хъахъхъæнынады инициативæйы æвæрд æрцыд 11 миллиардæй АИШ-ы доллар, не æххуысæй хæдиргъæвæн хотыхтæ Гуырдзыстон æмæ Украинæйæн рæувадат фестадысты – уый фæдыл АИШ-ы паддзахадон нымæрдар, Майк Помпео, райхъусын кодта Сенаты, цы хъусын сырæзт Америкæ æмæ Уæрæсейы президентты, Дональд Трамп æмæ Владимир Путины фембæлды фарстайыл.
«Мах хъахъъæнæм АИШ-ы фундаментон æмæ стратегион инетерстæ Сирий æмæ Украинæйы. Уæрæсеимæ сæрмагонд ныхæсты рæстæджы сын бацамыдтон цæмæй нæ демокративон процесстæм хи фæкæнынæн, уыдзæн æмбæлон фæстиуджытæ. Фæнды мæ бахахх кæнон, цæмæй президент Трамп, дзæбæх зоны уыцы сидтытæ, кæцыты Уæрæсе æвзæрын кæны АИШ-æн, йæ партнертæн æмæ æмцæдисонтæн, æмæ президент бирæ ахæм къахдзæфтæ аразы, нæ интересты бахъахъъæнынæн.
Фæнды мæ цалдæр реалон факт бахахх кæнын: Трампы администрацийы уавæрты æрфидар ис 213 санкци уырыссаг организацитæн æмæ индивидуалон уæнгтæн, 60 уырыссаг дзырдхæссæгы раддæдуар сты АИШ-æй, æхкæд æрцыд Уæрæсейы консулад Сиэтлы, ай уыд дзуаппон реакци Уæрæсейы æрдгæй химикъон хæцæнгарзæй спайда кæнынæн Британийы. Уæрæсейы АИШ-ы дипломативон корпусы кусджыты нымæцы фæкаъддæр расидтис Сан-Францискойы Уæрæсейы консулады æрыхкæд. Фæстæдæр та Европæйы æрмæстдæр иу афæдзы дæргъы, уагъд æрцыд 150 ахуыр. 11 миллиардæй фылдæр АИШ-ы доллар бахардз ис европаг хъахъхъæнынады инициативæйы, мах æххуысæй хæдиргъæвæн хотыхтæ Гуырдзыстон æмæ Украинæйæн рæувадат фестадысты.
Ивгъуыд къуырийы та, Хельсинкийы фæстæ, æфтауцæй 200 милуан АИШ-ы доллар рауæлдай кодтам Украинæйы æдасдзинады æрдгæй уæвæг æмкуысткæнынады фондтæн. 8 азы дæргъы, президент Трампы онг ахæм ницы сырæзт,» – банысан кодта Майк Помпео.
Сенаты æддæ ахастыты комитеты абон Гуырдзыстоны фæдыл цалдæр хатт фæныхас кодтой. Рабадтыл паддзахадон нымæрдар Майк Помпеомæ байхъуыстой. Хъусын бакодта сенатор Боб Коркер, кæцы Уæрæсейыл ныхасы рæстæджы райхъусын кодта, цæмæй Уæрæсе оккупаци скодта Гуырдзыстоны территориты хай. Йæхæдæг паддзахадон нымæрдар сæрмагонд ралæуды загъта, цæмæй Америкæйы Иугонд Штаттæ æххуыс кæны Гуырдзыстонæн, хъахъхъæнынады сферæйы æмæ уый дæнц Майк Помпеойы дзырдæй у, хæдиргъæвæн хæцæнгарзы алæвæрд.