АИШ-ы Сенаты æддæ ахастыты комитеты сæрдар – хъыгаг бон у Гуырдзыстонæн, хицауад уырыссаг стилы фæсарæйнаг агентты закъон кæй райста уый тыххæй
Хъыгаг бон у Гуырдзыстонæн – уый фæдыл АИШ-ы Сенаты æддæ ахастыты комитеты сæрдар Бен Кардин социалон хызаджы фыссы æмæ Гуырдзыстоны парламент «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъоныл президенты ветойы сæрты ахизыны кой кæны.
«Гуырдзыстоны хицауад уырыссаг стилы фæсарæйнаг агентты закъон кæй райста уый тыххæй, хъыгаг бон у Гуырдзыстонæн, фæлæ адæм равдыстой, цæмæй Иванишвилийæн нæ ратдзысты бар ныппырх кæна сæ демократи æмæ сын байса европаг фидæн. Мах сын сæ фарс хæцæм», – хъусын кæны Бен Кардин.
“The Georgian government’s passage of a Russian-style foreign agent law is a sad day for Georgia,” said Chair @SenatorCardin. “But the people have demonstrated that they will not allow Ivanishvili to destroy their democracy & take away their European future. We stand with them.” https://t.co/AXHxsSXkkx
— Senate Foreign Relations Committee (@SFRCdems) May 28, 2024