Майя Санду – Фæныхас кодтон Саломэ Зурабишвилиимæ, бузныг загътон гуырдзыйаг адæмæн Молдовæимæ солидарондзинады тыххæй
Гуырдзыстоны президент, Саломэ Зурабишвили æмæ Молдовæйы президент Майя Сандуйы æхсæн уыд телефонон ныхас.
Телефонон бадзырды фæстæ, «Твитеры» сæрмагонд фарсытыл публикаци скодтой информаци Саломэ Зурабишвили æмæ Майя Сануду дæр.
«Фæныхас кодтон Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ Молдовæйы айтынггонд фæстагрæстæгон фæзындтыл. Бузныг загътон гуырдзыйаг адæмæн Молдовæйы æрдæм солидарондзинады тыххæй, æппæт регионæн ахæм вазыгджын афон», – райхъусын кодта Молдовæйы президент Майя Санду.
Йæхи æрдгæй Саловэ Зурабишвили ноджы иу хатт райхъусын кодта, цæмæй Гуырдзыстон солидарон у Молдовæимæ.
«Конгрессы куы уыдтæн, уыцы рæстæджы, телефонон дзырд мын уыд Майя Сандуимæ Молдовæйы уæвæг уавæры фæдыл. Гуырдзыстон солидарон у Молдовæимæ, махæн Европæмæ иумæйаг фæндаг ис», – райхъусын кодта Зурабишвили.