Майя Битадзе - дистрибуцион компанитæ сæхи хъуамæ сцæттæ кæной регуляцитæм, кæцытæ æххæссынц сæ транспорты æхсæвы сахатты змæлды фарстмæ
Тбилисы вице-мер, Ираклий Хмаладзе æмæ меры хæдивæг Майя Битадзе дистрибуцион компнаиты минæвæрттимæ фембæлдысты.
Тбилисы мерийы уагъд фембæлдыл сæйраг сахары змæлды суæгъд кæныны нысанæй, дистрибуцион хæдтулгæты змæлдыл арæнæвæрды фарстыл æртæрхон кодтой.
Мерийы ахæлиугонд информацийы куыд у банысангонд афтæмæй, Майя Битадзе фæныхас кодта уыцы мадзæлттыл, кæцытæ Тбилисы мерий сахары транспорты системæйы æрбиноныг кæныны æмæ къæрмæджытыфæкъаддæр кæныны нысанæй хъуамæ сæххæст кæна.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, мерий цæттæ у, активонæй бакуса дистрибуцион компанитимæ иумæ, цæмæй ног графикæй цæугæ къуылымпыдзинад бизнесæн уа минималон æмæ фылдæр ахъаз уа сахары уæвæг змæлды ссæрибар кæнынæн.
Фембæлдыл компнаиты минæвæрттæ фæныхас кодтой уыцы рискъытыл, кæцыты раз гæнæн ис ног графикъы æрфидарæй ралæууой сæ компанитæ. Компаниты минæвæрттæ мериимæ къуындæг коммуникацийы руаджы, ацы рискъыты фæкаддæры æмæ ног регуляцитæм æмбæлонæй бацæттæ кæныны фæндон равдыстой. Фембæлды кæрон, фæрстæ конкретон хъуыдыты сразы кæнынмæ, фембæлды адарддæр кæныныл бадзырдтой.
Тбилисы мерийы инициативæйæ, сæйраг сахары хицауад, къæрмæджыты фæкъаддæр кæныны тыххæй, комплексон мадзæлтты бакуыстмæ æрывнæлдта. Мадзæлттæ æххæссынц дистрибуцион компаниты транспорты змæлдимæ баст конкретон сахатты æрбайсын, афтæдæр баззаййæгæгты ахæссын æмæ маршрутон таксыты раст змæлды регулиркæнынмæ.