Ираклий Хмаладзе -  Барадмæ гæсгæ   уæззау  аууæлттæм æнæкæсгæйæ,   мэрий алы амæлттæй  бацархайдзæн, цæмæй  Вакейы  паркъы  фысымуат амад  ма  æрцæуа
Ираклий Хмаладзе - Барадмæ гæсгæ уæззау аууæлттæм æнæкæсгæйæ, мэрий алы амæлттæй бацархайдзæн, цæмæй Вакейы паркъы фысымуат амад ма æрцæуа

Каха Каладзейы  фембæлд  фысымуат «Будапешты» бындурæвæрæгимæ,  Тбилисы  мэрийы  æнæнтыстæй фæцис.  Фæрстæн нæ бахъом сты  территорийы ивды тыххæй æрныхас кæнын.

Тбилисы  вице—мэры Ираклий Хмаладзейы  ныхæстæм гæсгæ,    фысымуаты  бардарæг  нæ  хатыр кæны йæ позицитæ, фæлæ мэрийзæгъгæ  алы  амæлттæй   бацархайдзæн цæмæй   бирæуæладзыгон  фысымуат  Вакейы  паркъы  ма саразой.

«Мах кæсæм  алы  гæнæн  альтернативæтæ, фæлæ нын нырма  бадзурын не нтысы  ацы адæймагимæ,  нæ разы кæны  территорий раивыныл, нæ дæр   параметрты  фæкъаддæр кæнынимæ  æмæ зæгъæн ис  тынг хъæддыг  хаты йæхи,  уымæн æмæ йæм  ис специалон барлæвæрд  кæцыйы аивын нæдæр тæрхондон бахъом ис.  Ацы адæймаг йæхи ныззæгæл кодта  йæ барадон позицийыл æмæ  ныххатыр кæнын нæ хъавы» –   райхъусын кодта Ираклий Хмаладзе.