Мæскуыйы аномалион стыр мит æруарыд. Метеомониторингы историйы Уæрæсейы сæйраг сахар æмæ Мæскуыйы бæстæйы сегасæй фылдæр æруарыд. Ихы æмæ миты бæрзæндæй Мæскуыйы дыууæ мины онг бæласт афæлдæхт.
Уырыссаг медийы информацийæ, амард иу адæймаг ноджы фондз та æндæр æмæ æндæр хуызы зиæнттæ райстой.
Мæскуыйы хицауад цæрджыты автомобилтæй змæлдæй хифæхæцын фæдзæхсынц.
Уымæй уæлдай ма Уæрæсейы централон хайы æхсæз регионы митæй расидæг аварийы тыххæй, 40 минæй фылдæр адæймаг æнæэлектроэнергийæ баззад.