Мæскуы æмæ Петербургы политикон ахæстты ссæрибар кæныны æркуырдæй протестон акцитæ ацыд

Мæскуы æмæ Петербургы  политикон ахæстты   ссæрибар кæныны æркуырдæй  протестон  акцитæ  ацыд.  «Ройтеры»  информацийæ,   активист Анастасия Шевченкойæн стæрхон кодтой мидахст, æрмæст йæ хъæбул та  рынчындоны æрбамард.

Протестон акцитыл  полици  авд  демонстранты æрцахста. Акцийы  хайадисджыты  фидиуæнæй   бæстæйы хицауад зæгъгæ, æнæ иу  æбуалгъ фыдракæнд кæны. Шевченко  змæлд «Гом Уæрæсейы» уæнг у. «»Гом Уæрæсе»  Кремлы критикы æмæ раздæры  нефтмагнаты  Михаил Ходорковскийы бындурæвæрд у.  Уырыссаг  активисты  æнæфæндон организациимæ æмкуысткæнынады  тыххæй  январы æрцахстой  æмæ  йын мидахст стæрхон кодтой.