Мæхъæлы лидер Цæцæны арæны фæдыл ныхмæлæууæг акцийы хайадисджытæм бадзырды фæдыл сиды

 

Мæхъæлы лидер Цæцæны  арæны фæдыл ныхмæлæууæг акцийы хайадисджытæм бадзырды фæдыл сиды.

Информаци уый фæдыл агентад «Риа новости» парахат кæны. Евкуров демонстранттæм сиды цæмæй ныппырх уой æмæ бадзырдтæ райдайой. Мæхъæлы Цæцæнимæ арæны ивæндзинад мингай адæймаг протест кæны, хъуысы æхсты хъæлæс дæр.

Мæхъæлы сæйраг сахар Магасы, Цæцæнимæ арæны ивæндзинад 10 мины онг адæймаг протест кæны. Националон æмбырды депутаттæ Цæцæнимæ вæрд бадзырд бакастысты æмæ йæ ратификаци сыххæст кодтой. Æскъуыддзагы райсты онг, парламенты бæстыхайы цур æрымбырдгонд демонстранттæ æмæ барадхъахъæнджыты æхсæн быцæудзинад æрцыд.

Мæхъæлы мидхъуыдтгæты министрады бæрнонтæ, депутатты хъахъæды мотивæй уæлдæфмæ æхстой. Протестон акцийы хайадисджытæ республикæйы президенты Евкуровы æмæ Цæцæны президент Кадыровы æхсæн фыст документы санулир кæнын курынц.