Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Анаклиайы порты проекты нысаниуæг алкæмæн бæрæг у
– Уый фæдыл Гуырдзыстоны, Евроцæдисы минæвар, Карл Харцелл райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæнысангонд инфраструктурон проекты сæххæст, иттæг нысаниуæгджын у.
«Ай у сегасæй ахсджиагдæр инвестицион проект. Æнæкæсгæ уымæ, цæмæй ацы хатт ис бæрæг æнæразыдзинад партнерты æхсæн, мæ хъуыдымæ гæсгæ, æмтгæй райсгæйæ иттæг нысаниуæгджын у ацы инфраструктурон проекты сæххæст. Дыууæдæр фарсæй нæм хъуысы æвæрццаг ахаст æмæ цæттæдзинад ацы проекты сыххæст кæнынæмæ, афтæмæй мæнмæ гæсгæ, ацы проекты нысаниуæг, алкæмæн дæр бæрæг у», – райхъусын кодта Карл Харцелл.
«Анаклиайы Райтынгы Консорциумæн» æхсæйнаг хæстæ сæххæст кæнынæн æмгъуыд зон аивгъуыд.
Уый йеддæмæ ма, министрад абон ахæлиу кодта фидиуæн. Кæцыйы мидæг банысангонд у, цæмæй зæгъгæ Гуырдзыстоны хицауад «Анаклиайы Райтынгы Консорциумæн» дæтты фадат, , кæронмæ бацархайа сæрмагонд ресурсæй æмæ 2019 азы кæронмæ æрбаласа æмæ самал кæна, куыд сæрмагонд капитал, афтæ æхсæнадæмон банкъытимæ æрныхас кæна порты арæзтады проект кæронмæ сыххæст кæнынæн.