Львовы, Володимир Зеленскийы, Реджеб Тайип Эрдогъаны æмæ  Антонио Гуттиерешы  фембæлдтæ фесты
Львовы, Володимир Зеленскийы, Реджеб Тайип Эрдогъаны æмæ Антонио Гуттиерешы фембæлдтæ фесты

Украинайы  горæт Львовы  Володимир Зеленскийы, Реджеб Тайип Эрдогъаны æмæ  Антонион Гуттиерешы  æхсæн  дыууæ æмæ æртæфарсон фембæлдтæ фæцис.

Фембæлдты  кæрон  иумæйаг пресс-конференцийыл  Реджеб Тайип Эрдогъан  банысан кодта, цæмæй  «æртæфарсон  фембæлды сæйраг нысан  уыцы  фæндаг бацагурын уыд, кæцы кæрон скæндзæн хæст».

Эрдогъан ноджы иу хатт равдыста  Украинайы  территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн   фарсхæцын.

«Æрæмдзых фембæлды  рæстæджы  Эрдогъан   æмæ Зеленски «Хоры инициативæ», Запорожьейы  электростанцæйы темæ æмæ   хъахъхъæнынады  сферæйы   æмхастыты фарстатæ  æркастысты.  Афтæма къух афыстой  кæрæдзийон æмбарынады фæдыл меморандум хæсты фæстæ Украинайы  инфраструктурон  реконструкцийы  Турчы  хайад райсты  тыххæй.

ИНО-йы  генералон  нымæрдаримæ  фембæлдыл æркастысты  Уæрæсейы  æрдгæй   «Атомон  шантаж». Володимир Зеленски  генералон нымæрдармæ, Запорожьейы  атомон  электростанцæйыл  æдасдзинад  сфидар кæныны  куырдиатæй  баздæхт.  Антонио Гуттиереш  нымайы, ома  æхсæнадæмон  атомон агентады  мисси, Запорожьейы  станцæмæ хъуамæ бацæуа. Фарсытæ афтæдæр  æркастысты  хоры  экспорты фарста æмæ йæ æрдæмадтæ.