Львовы, Володимир Зеленскийы, Реджеб Тайип Эрдогъаны æмæ Антонио Гуттиерешы фембæлдтæ фесты
Украинайы горæт Львовы Володимир Зеленскийы, Реджеб Тайип Эрдогъаны æмæ Антонион Гуттиерешы æхсæн дыууæ æмæ æртæфарсон фембæлдтæ фæцис.
Фембæлдты кæрон иумæйаг пресс-конференцийыл Реджеб Тайип Эрдогъан банысан кодта, цæмæй «æртæфарсон фембæлды сæйраг нысан уыцы фæндаг бацагурын уыд, кæцы кæрон скæндзæн хæст».
Эрдогъан ноджы иу хатт равдыста Украинайы территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн фарсхæцын.
«Æрæмдзых фембæлды рæстæджы Эрдогъан æмæ Зеленски «Хоры инициативæ», Запорожьейы электростанцæйы темæ æмæ хъахъхъæнынады сферæйы æмхастыты фарстатæ æркастысты. Афтæма къух афыстой кæрæдзийон æмбарынады фæдыл меморандум хæсты фæстæ Украинайы инфраструктурон реконструкцийы Турчы хайад райсты тыххæй.
ИНО-йы генералон нымæрдаримæ фембæлдыл æркастысты Уæрæсейы æрдгæй «Атомон шантаж». Володимир Зеленски генералон нымæрдармæ, Запорожьейы атомон электростанцæйыл æдасдзинад сфидар кæныны куырдиатæй баздæхт. Антонио Гуттиереш нымайы, ома æхсæнадæмон атомон агентады мисси, Запорожьейы станцæмæ хъуамæ бацæуа. Фарсытæ афтæдæр æркастысты хоры экспорты фарста æмæ йæ æрдæмадтæ.