Луганскы зылды украинæйаг эвакуацион хæдтулгæ фæцис артиллерион æхсты бын, кæцыйы ф æстиуæгæн амард францаг журналист.
Фæнысангонды тыххæй, Луганскы зылды æфсæддон администрацийы къухдариуæггæнæг Сергей Гайдай райхъусын кодта.
«Луганскы регионæй эвакуаци официалонæй скуыд уыд. Уырыссæгтæ æхст бакодтой хæдтулгæйыл, кæцы хъавыд адæймæгты раласын. Амард францаг журналист» – фыссы Гайдай.
Гайдайы дзырдæй, зæгъгæ украинæйаг эвакуацион згъæрхæдтулгæ регионæй 10 адæймагы раласын хъавыд æмæ артиллерион æхсты бын фæцис. Афтæма йæ информацийæ, сармадзаны нæмыгы къæртытæ хæдтулгæйы згъæр атыдтой æмæ аккредитацигонд францаг журналист мæлæтдзаг цæф фæцис.