Лондоны музейы 10-æм уæладзыгы балконæй 17 аздзыд æнахъом æхсæз аздзыд сывæллоны раппæрста
Лондоны Тейты нырыккон аивады националон музейы 10-æм уæладзыгы балконæй 17 аздзыд æнахъом æсæз аздзыд сывæллоны раппæрста.
Æвдисæнты фидиуæнæй, æнахъом цыдæр æнахуыр дартта йæхи. Стæй та æнæнхълæджы музейы визитор сылгоймагмæ фæлæбуртта, йæ къухтæй сывæллон раскæфта æмæ йæ балкаонæй рарæцыгъдта.
Сывæллон 5-æм уæладзыгыл æрхаудта. Уыйы рынчындонмæ састытæй фæхæццæ кодтой. Йæ уаæр у критиконæй уæззау.
Бырсæгы пъæлицæй рацахста. Фыдракæнды мотив бæрæг нæу.