Лондоны, Гуырдзыстон æмæ Британийы æхсæн, стратегион партнерад бафысдзысты
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани 20-21 октябры Игонд Паддзахадмæ фæуазæг уыдзæн, цы ран къухæвæрд æрцæудзæн «Гуырдзыстон æмæ Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы Иугонд Паддзахъады æхсæн стратегион æмкуысткæнынад æмæ партнерады фæдыл бадзырд», кæцы Евроцæдисæй Иугонд Паддзахады рацыды фæстæ скусдзæн.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, бадзырд Брекситы фæстæ Стыр Британиимæ дыууæфарсон ахастыты фæивдзæн Гуырдзыстон æмæ Евроцæдисы æхсæн ассоциацидзинады бадзырд. Документ æххæссы æмкуысткæнынады уæрæх спектрмæ æмæ æвзæрын кæны барадон фæлгæт стратегион партнерадæн, афтæма, ивфтонг кæны сæрибар базарады режим химæ æруадзын Гуырдзыстон æмæ Стыр Британиимæ.
«Фæнысан кæнинаг у, цæмæй Гуырдзыстонимæ къухæвæрд ацы бадзырд у регионы фыццаг бадзырд, кæцыйы Иугонд Паддзахад, евроцæдисæй рацыды фæстæ скусын кæндзæн» – банысан кодтой Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты уагдоны.