Лойд Остин Киевæн 500 милуан доллары бæрц æфсæддон æххуысы пакеты рахицæны фæдыл расидтис
Лойд Остин Киевæн 500 милуан доллары бæрц æфсæддон æххуысы пакеты рахицæны фæдыл расидтис

АИШ-ы хихъахъхъæнады министр Лойд Остин, Рамштейны уæлдæфон базæйы Киевæн 500 милуан доллары æфсæддон æххуысы пакет расидтис, цыран Украинæйы хихъахъхъæнады контакт къорды фембæлд цæуы. Æххуысмæ хауынц уæлæмхасæн ракетæтæ Украинæйы уæлдæфон хъахъхъæнынады системæтæн, афтæ дæр ноджы фылдæр снарядтæ æмæ техникæ F-16 хæстон хæдтæхджытæн.

«Ам, Рамштейны, æз æнæфæцудгæйæ архайын, цæмæй Украинæйæн баххуыс кæнон сæрибар æмæ æдасæй цæрынæн æмæ рæстагдæр, кадджындæр дуне саразынæн». «Нæ иумæйаг куыст хъуамæ адарддæр уа», — загъта Пентагоны хистæр.

Ай у фæстаг фембæлд «Раммштейны» форматы Байдены администрацийæн. Лойд Остин фембæлдыл куыд загъта афтæмæй, Украинæйы масштабон хæсты фæстиуджытæ алкæмæн дæр сты ахсджиаг, уымæн æмæ Путин Украинæйы йæхимæ куы райса, уæд йæ аппетит æрмæстдæр рæздзæн, æмæ уый фæстиуæгæн фылдæр тыхмидзинад æрцæудзæн. Уымæ гæсгæ фæдисонтæ уый хъуамæ ма бауадзой.