Лобистон компани «Hogan Lovells» АИШ-ы Конгрессмæ фыстæг æрвиты -«Гуырдзиаг Бæллиццы» хицауады къухдариуæгæй, Гуырдзыстон, ныгуылæйнаг альянсимæ æмæ АИШ-мæ сегасдæр фылдæр æрыввахс ис
Лобистон компани «Hogan Lovells» АИШ-ы Конгрессмæ парти «Гуырдзиаг Бæллиццы» номæй фыстæг æрвиты, кæцы æххæссы 13 конгрессмены бакуыст стратегион докумекнтмæ. Фыстæг АИШ-ы юстицийы министрады электронон базæйы фæсарæйнаг агентты регистрацийы акты фæлгæтты æрцыд публикацигонд æмæ 16 юнæй датæгонд у.
Фыстæгыл йæ къух æвæры лобистон компани «Hogan Lovells»-ы минæвар, раздæры сенатор Норм Коулман æмæ ма йæм æмхас у парти «Гуырдзиаг Бæллиццы» фидиуæн.
“Парти «Гуырдзиаг бæллицц» бæрзонд аргъ кæны уый, цæмæй йæхæдæг стратегион инициативæ бæлвырд кæны Гуырдзыстоны хъæддых хæсист АИШ-Гуырдзыстон партнерадæй. «Гуырдзиаг Бæллицц» æвдисы мæстыдзинад, Бидзина Иванимшвилийы фæдыл негативон куырдиаты тыххæй. Бæрæг куыд у афтæмæй, ацы комментаритæ сырæзт цыфæнды документон æнцойæ цух. «Гуырдзиаг Бæллиццы» фиксир кæны, Бидзина Иванишвилийы разамындæй, «Гуырдзиаг Бæллиццы» хицауады къухдариуæгæй, Гуырдзыстон, ныгуылæйнаг альянсимæ æмæ АИШ-мæ сегасдæр фылдæр æрыввахс ис. «Гуырдзиаг Бæллицц» æнхъæлмæ кæсы «Республикон иртасаг комитеты» уæнгтимæ æмгуыстадмæ АИШ-Гуырдзыстоны æмахасты ноджы фæфидардæр скæнынæн», – дзырдæуы фыстæджы, кæцы АИШ-ы Конгрессы минæвæртты палатамæ Норм Коулманы номæй æрцыд æрвыст.
Фыстæджы мидæг бавдыст сты НАТО æмæ Евроцæдисимæ Гуырдзыстоны партнерады фæдыл факттæ. Сæрмагондæй та дзырдæуы, цæмæй: « «Гуырдзиаг бæллиццы» хицаудзинады периоды Гуырдзыстоны бафыста историон ассоциацидзинады бадзырд Евроцæдисимæ, уый нымæц, арв æмæ æппæтылæххæссæг сæрибар базарады бадзырд æмæ фæхæст ис æнæвизæ режимыл Европæимæ. Фæтынгдæр ис НАТО-имæ æмгуыстад æдасдзинады сферæйы. Бæстæ хайад исы фылдæр иумæйаг ахуырты НАТО-имæ æмæ сразы ис альянсы ног объекттæ равæрын. Уымæй уæлдай ма, Гуырдзыстон бафыста 2016 азы АИШ-имæ хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады сферæйы партнерад фæарфдæры меморандум æмæ 2017 азы Гуырдзыстоны иргъæфхъомады цæттæдзинады программæ. Фыстæджы мидæг афтæдæр ис информаци Бидзина Иванишвилийы тыххæй. Сæрмагондæй та банысангонд у, цæмæй Бидзина Иванившили у æнтыстджын гуырдзиаг бизнесмен, филантроп æмæ политик, кæцыйæн йæ иунæг нысан у, ноджы тыхджындæр æмæ дидинæфтыд Гуырдзыстон саразын. Бидзина Иванишвили йæ сæрмагонд мулкæй 1,5 миллиард доллары ауæлдай кодта гуырдзиаг адæмæн, уый сарызта алцыппæт театртæй – спортивон центрты онг æмæ сæндидзын кодта культурон быны цырттæ. Йæ хицаудзинадæй, парти «Гуырдзиаг Бæллицц» ноджы фылдæр хæстæгдæр кæны Гуырдзыстон АИШ-имæ, НАТО-имæ æмæ Евроцæдисимæ».