Люк Коффи - Америкæйы Иугонд Штаттæн йæ бон у Гуырдзыстонæн баххуыс кæна сабырадон инциативæ- «Къахдзæф Хуыздæр Фидæны Æрдæм»-ы бирæ æнтыстджынæй дæр сæххæсты
АИШ-æн йæ бон у бирæ активондæр баиу уа процессмæ æмæ бауырнын кæна партнерты, ома хуыздæр бамбарой, уый æмæ Уæрæсейы æфсæдды уæвын Гуырдзыстоны, у Гуырдзыстоны территориты оккупаци, – уый фæдыл АИШ-ы æддаг политикæйы эксперт «Херитидж Фонды» иртасаг Люк Коффи хъусын кæны.
Йæ аргълæвæрдæй, Гуырдзыстоны премьер-министры рангы Мамука Бахтадзейы визит АИШ-æм пайдаджын рæстæджы цæуы æмæ нысаниуæгджын у, цæмæй Вашингтоны америкаг æмæ гуырдзиаг лидертæ æмбырд кæнынц, дыууæфарсон ахастыты фæфидар кæныны æрдæм саразинаг ног къахдзæфты æркæсынæн.
«Трампы администраци, Гуырдзыстонæн тынг хæдиргъæфхъомад сбæрзонддæр кæныны цæстæнгасæй æххуыс кæны æмæ уый æмзæрдæ у ныр дæр. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, фидæны дæр Америкæйы хицауад растдæр ацы æрдæм æмгуыстады фæарфдæр кæныны æрдæм хъуамæ архайа.
Америкæйы Иугонд Штаттæн йæ бон у Гуырдзыстонæн баххуыс кæна бæстæйы хицауады райдайгæ сабырадон инциативæ- «Къахдзæф Хуыздæр Фидæны Æрдæм»-ы бирæ æнтыстджынæй дæр сæххæсты – равдиса политикон æмæ дипломативон æнцой.
Вашингтоны æрдгæй ацы инициативæйы активон фарсхæцынад, æндæр бæстæтæн суыдзæн дæнцон, ацы тыхархайд та Гуырдзыстоны хицауады позицитæ фæтыхджындæр кæндзæн æмæ ацы инициативæйæ бирæ æууæнкджын æмæ архайынхъомдæр скæндзæн Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн æмæ оккупацигонд территоритыл цæрæг адæмæн», – хъусын кæны Люк Коффи.