Лиудас Мажилис – Евроцæдисы кандидаты статусы лæвæрд Молдовæ æмæ Украинайæн æвæрццаг къахдзæф уыд, дырыс перспективæ хъуамæ раттæм Гуырдзыстонæн дæр
Евроцæдисы кандидаты статусы лæвæрд Молдовæ æмæ Украинайæн æвæрццаг къахдзæф уыд, дырыс перспективæ хъуамæ раттæм Гуырдзыстонæн, – уый фæдыл евродепутат Ликудас Мажилис Европарламенты уагъд рабадты рæстæджы райхъусын кодта, цы ран ауæрæхы ног стратеги афæлгæстой.
Афтæма йæ дзырдæй зæгъгæ Евроцæдис иугонд базары рæувадатдзинад ацы бæстæтæн куыд æмбæлы афтæ тагъд нæ дæтты.
«2004 азы, Евроцæдисы ауæрæхы стыр уылæны фæстæ, иудадзыг хъусæм ныхæстæм ауæрæхæй фырфæллады тыххæй, фæлæ æз зæгъин, цæмæй мах стæм фæллад кæй нæ ауæрæх стæм, уымæй. Мæнмæ гæсгæ уыцы реактивон сигналтæ бахардз кодтам, кæцытæ æрвитæм, Евроцæдисы æддæ баззайæг бæстæтæм. Иудадзыг дзурæм, æрыввахсут Евроцæдисмæ, фæлæ цъус рæстæг ноджы фæлæуут æмæ ут кандидаттæ. Дунейы быхсындзинад æгæрон нæу. Афтæ архайæм æмæ стæй дис кæнæм цæмæн у дуне Евроскептикон, цæмæн акъул вæййы ахæм тæссаг бæстæты æрдæм, цахæмдæр сты Уæрæсе æмæ Китай. Евроцæдисы кандидаты статусы лæвæрд Молдовæ æмæ Украинайæн æвæрццаг къахдзæф уыд. Дырыс перспективæ раттын хъæуы Гуырдзыстонæн дæр. Мæ хъуыдымæ гæсгæйæ, афтæдæр куыд æмæбæлы афытæ тагъд нæ рæувадат кæнæм ацы бæстæтæн Евроцæдисы иугонд базар. Нæхи ма хъуамæ сæмбонд кæнæм æрмæст политикон æххуысæй, уыдонæн хъуамæ баххуыс уæм финансонæй дæр», – райхъусын кодта Лиудас Мажилис.