Словакийы премьер-министр  сиды Германимæ,  ома сразы  уа  Украина, Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæн евроцæдисы  кандидат бæстæйы  статус раттынимæ
Словакийы премьер-министр сиды Германимæ, ома сразы уа Украина, Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæн евроцæдисы кандидат бæстæйы статус раттынимæ

Словакийы   премьер-министр æрсидтис  Германимæ, сразы  уа  Украина, Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæн  Евроцæдисы  кандидат бæстæйы  статус раттынимæ.  Уый фæдыл  фидиуæн,  Эдуард  Егер  Германимæ  визиты рæстæджы  канцлер Олаф Шольцимæ  фембæлды размæ сарызта.

«Хъуамæ бамбарæм, цæмæй  Евроцæдисы  ауæрæх кæнын æнæмæнгхъæугæ у. Дунейы  хъæуы   фидар  Европæ  æмæ ацы  бæстæтæ нæм æнхъæлмæ кæсынц», – райхъусын кодта Словакийы  премьер-министр «Политикоимæ»  ныхасы.

Егеры дзырдæй, зæгъгæ Украинайы, Гуырдзыстоны æмæ Молдовæйы  евроцæдисы уæнгтæм кандидаттæй банымад  фыццаг къахдзæф хъуамæ уа, ацы бæстæты  дарддæры  интеграци  блокъмæ хъуамæ  уа  «сгуыхтдзинадыл бындурæвæрд».

Афтæма  Словакцийы премьер фæныхас  кодта   президент Эмануэл Макроны  идеяйыл,  ома Евроцæдисы  сыхаг бæстæты Евроцæдисимæ  политикон æмæ  экономикон   æрыввахсы    ног иугонд   сырæза.  Егер  куыд дзуры  афтæмæй,   ацы инициативæ   ма  хъуамæ  уа  йæ ныхмæ   Украина, Гуырдзыстоны æмæ  Молдовæйæн    Евроцæдисы  каниддаты  статус раттынæн,  фæлæ   хъуамæ  уа   «уæлæмхас  процесс».

Йæ  дзырдæй  зæгъгæ, Евроцæдисы  уæнгсуæвыныл  куырдиат   саразын  йæ бон хъуамæ  уа  алы  бæстæйæн, фæлæ организацийы  æрмæст уыцы бæстæты   хъуамæ райсой, кæцытæ  равдисдзысты   фæнд,  хъæугæ демократон  æмæ институционалон реформæтæ  ауадзын, иннæты та, «фæдæлæмæ кæной,  Макроны   политикон иугонды  уæнгтæм».

«Алы бæстæйæн хъуамæ  уа   фадат, индивидуалон   тыхархайдæн  суа  Евроцæдисы уæнг.  Растдæр   уыдоны   тыхархайдыл  æнцойæ  хуъамæ  аскуыддзаг  уа,  кæд   бацæудзысты  Евроцæдисы  скондмæ», –  загъта Словакийы  премьер-министр.