Литвæйы абонæй официалонæй йæ тыхмæ бацыдис Гуырдзыстоны автентон номхуынд - Sakartvelas
Литвæйаг æвзаджы паддзахадон камис абон, 3 майы рахаста уынаффæ литвæйаг æвзагджы Гуырдзыстоны автентон номы æрфидар кæныны фæдыл.
Литвæйаг æвзаджы ныры онг уæвæг номхуындимæ иумæ, Гуырдызстоны номæй пайда кæндзысты номхуыдæй – Sakartvelas.
Абонæй фæстæмæ, ныридæгæн официалонæй райдайдзæн фæдылдзог терминологийæ пайдакæнынад. Дæнцæн Гуырдызстоны минæварад ( ныр GruzijosAmbasada) суыдзæн «Сакартвело Амбасада» (SakartveloAmbasada), хæрзиуæгхæссæг уæнт уе рцыд Гуырдзыстонмæ ( ныр Sveiki atvykę į Gruziją) – Sveiki atvykę į Sakartvelą, гуырдзиаг ( ныр Gruzinas) – Kartvelas, æрмæст гуырлщзиаг æвзаг (ныр gruzinų kalba) – kartvelų kalba æмæ а.д.
«Уырнæг стæм, цæмæй Литвæйы æмбæстæгтæ, ацахсдзысты ацы ногдзинад æмæ Гуырдзыстоны литвæйаг хæлæртты æхсæн, ныридæгæн æнæформалонæй æрфидаргонд Гуырдзыстоны автентон номхуынд, алкæцы литвæйагæн, дзæбæх зындгонд суыдзæн æмæ дзы æрвылбойнонæй пайда кæндзысты. Фæнысангонд факты нысаниуæгы зæрдыл даргæйæ, хъуыды кæнæм, цæмæй нæ бон у, ацы бон схонæм, Гуырдзыстон-Литвæйы зæларады бонæй» – райхъусын кодта Литвæйы Гуырдзыстоны минæвар Хатуна Салуквадзе.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны минæварад Литвæйы Республикæйы сæххæст кæндзæн æмбæлон ивындзинæдтæ, фыстытæ ивд æрцæудзысты Вильнюсы Гуырдзыстоны минæварады бæстыхайыл, афтæдæр цытджын консулады æмæ Вильнюсы Тбилисы номыл скъверы.