Литвæйы абонæй  официалонæй йæ тыхмæ бацыдис Гуырдзыстоны автентон номхуынд - Sakartvelas
Литвæйы абонæй официалонæй йæ тыхмæ бацыдис Гуырдзыстоны автентон номхуынд - Sakartvelas

Литвæйаг  æвзаджы  паддзахадон  камис  абон,  3  майы  рахаста  уынаффæ  литвæйаг æвзагджы  Гуырдзыстоны  автентон  номы  æрфидар кæныны фæдыл.

Литвæйаг  æвзаджы  ныры онг   уæвæг  номхуындимæ иумæ,  Гуырдызстоны  номæй  пайда кæндзысты  номхуыдæй – Sakartvelas.

Абонæй фæстæмæ,   ныридæгæн официалонæй  райдайдзæн   фæдылдзог  терминологийæ пайдакæнынад.  Дæнцæн Гуырдызстоны минæварад ( ныр GruzijosAmbasada)  суыдзæн  «Сакартвело  Амбасада»   (SakartveloAmbasada), хæрзиуæгхæссæг уæнт уе рцыд  Гуырдзыстонмæ ( ныр Sveiki atvykę į Gruziją) –  Sveiki atvykę į Sakartvelą, гуырдзиаг ( ныр Gruzinas) –  Kartvelas, æрмæст гуырлщзиаг æвзаг (ныр  gruzinų kalba) – kartvelų kalba æмæ а.д.

«Уырнæг стæм,  цæмæй  Литвæйы æмбæстæгтæ,  ацахсдзысты  ацы ногдзинад  æмæ   Гуырдзыстоны  литвæйаг  хæлæртты  æхсæн, ныридæгæн  æнæформалонæй æрфидаргонд   Гуырдзыстоны   автентон  номхуынд,  алкæцы литвæйагæн,  дзæбæх зындгонд  суыдзæн æмæ дзы  æрвылбойнонæй  пайда кæндзысты. Фæнысангонд  факты  нысаниуæгы  зæрдыл даргæйæ,  хъуыды кæнæм,  цæмæй   нæ бон у, ацы  бон  схонæм,  Гуырдзыстон-Литвæйы  зæларады  бонæй» –  райхъусын кодта  Литвæйы Гуырдзыстоны минæвар  Хатуна  Салуквадзе.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,   Гуырдзыстоны  минæварад  Литвæйы Республикæйы  сæххæст кæндзæн   æмбæлон  ивындзинæдтæ,   фыстытæ ивд æрцæудзысты Вильнюсы  Гуырдзыстоны   минæварады   бæстыхайыл, афтæдæр  цытджын  консулады  æмæ   Вильнюсы   Тбилисы номыл скъверы.