Линас Линкявичус - Фæнды мæ тызмæг бафауын алы уыцы архайд, кæцы баст у а.х. æвзæрстытимæ æмæ бордеризациимæ
Фæнды мæ тызмæг бафауын алы уыцы архайд, кæцы баст у а.х. æвзæрстытимæ æмæ бордеризациимæ – уый фæдыл Лиетувæйы фæсарæн хзъуыддæгты министр Гуырлщыстоны фæсарæн хъуыддæгты министримæ иумæйаг брифингыл райхъусын кодта.
«Фæнды мæ тызмæг бафауын алы уыцы архайд, кæцы баст у а.х. æвзæрстытимæ æмæ бордеризациимæ. Ацы мархæйдтытæ нæрайсгæ сты æмæ сæ фауæм. Нæ бæстæты æхсæн ахастытæ ноджы фæтыхджындæр сты. Уæрсейы агрессийы бафауынимæ иумæ, мах активонæй йæ фарс хæцæм ,алцæмæн цыдæриддæр гуырдзыстон аразы евроинтеграцийы æрдæм. НАТО-йы тыххæй мæ бон у зæгъын, цæмæй Гуырдзыстон альянсы уæнгау архайы, æрвиты æфсад, йæхимæ исы рискъытæ, кæцы фидæны тынг фидар аргумент уыдзæн» – бавнысан кодта Линкявичус.
Лиетувæйы фæсарæн хъуыддæгты къухдариуæггæнæджы дзырдæй, Вильнюс кæддæриддæр æнхъæлмæ кæсы цæмæй бæстæйы мидæгæй уыдзæн фидар демократий.
«Æвзæрстытæ, медия плюрализм, демократийы алы ацы инструмент хъуамæ уа фидар æмæ хъахъхæд, уыцы бæстæйы, кæцыйы дæр фæнды фидæны евроатлантикон тыгъдады уæнг суæвын. Кæддæриддæр уæ бон у æрбасидат нæм æмæ мах та кæдриддæр уыдыстæм ам. Ацы аргъдзинæдтæ бахъахъхъæныны нысаниуæгджын у æнæрмæст гуырдзыстонæн фæлæ ма махæн дæр, Лиетувæйæн. Уый чидæриддæр архайы цæмæй нысæнттæ æфсæддон фæрæзтæй сыххæст кæна, уый бауромын хъæуы» – райхъусын кодта Линас Линкявичус.