Линас Линкявичус  - Фæнды мæ тызмæг бафауын  алы уыцы архайд, кæцы  баст у   а.х. æвзæрстытимæ æмæ  бордеризациимæ
Линас Линкявичус - Фæнды мæ тызмæг бафауын алы уыцы архайд, кæцы баст у а.х. æвзæрстытимæ æмæ бордеризациимæ

Фæнды мæ тызмæг бафауын  алы  уыцы  архайд,  кæцы  баст у   а.х. æвзæрстытимæ æмæ  бордеризациимæ –  уый фæдыл  Лиетувæйы  фæсарæн хзъуыддæгты  министр  Гуырлщыстоны фæсарæн хъуыддæгты министримæ иумæйаг   брифингыл   райхъусын кодта.

«Фæнды мæ тызмæг бафауын  алы уыцы архайд, кæцы  баст у   а.х. æвзæрстытимæ æмæ  бордеризациимæ. Ацы мархæйдтытæ  нæрайсгæ сты  æмæ  сæ  фауæм.  Нæ  бæстæты æхсæн  ахастытæ  ноджы  фæтыхджындæр сты.   Уæрсейы  агрессийы  бафауынимæ иумæ,   мах активонæй  йæ  фарс хæцæм ,алцæмæн цыдæриддæр гуырдзыстон аразы   евроинтеграцийы  æрдæм.  НАТО-йы  тыххæй  мæ  бон у  зæгъын, цæмæй  Гуырдзыстон  альянсы  уæнгау  архайы, æрвиты æфсад,  йæхимæ исы  рискъытæ,  кæцы фидæны  тынг  фидар аргумент уыдзæн» –  бавнысан кодта  Линкявичус.

Лиетувæйы фæсарæн хъуыддæгты  къухдариуæггæнæджы дзырдæй, Вильнюс  кæддæриддæр  æнхъæлмæ кæсы  цæмæй  бæстæйы мидæгæй  уыдзæн  фидар демократий.

«Æвзæрстытæ, медия плюрализм, демократийы  алы  ацы  инструмент хъуамæ уа  фидар æмæ  хъахъхæд, уыцы бæстæйы, кæцыйы дæр фæнды  фидæны  евроатлантикон   тыгъдады  уæнг суæвын.  Кæддæриддæр  уæ  бон у  æрбасидат нæм  æмæ  мах та кæдриддæр уыдыстæм ам. Ацы аргъдзинæдтæ бахъахъхъæныны нысаниуæгджын у  æнæрмæст гуырдзыстонæн фæлæ ма махæн дæр, Лиетувæйæн. Уый чидæриддæр архайы цæмæй нысæнттæ  æфсæддон фæрæзтæй  сыххæст кæна,  уый бауромын хъæуы» – райхъусын кодта Линас Линкявичус.