Лиетувæйы Украинайы минæвары информацийæ, Володимир Зеленски план кæны, июлы Вильнюсы плангонд НАТО-ы саммитмæ ацæуын
Украианйы президент Володимир Зеленски план кæны, июлы Вильнюсы плангонд НАТО-йы саммитмæ ацæуын. Уый фæдыл Лиетувæйаг медиаимæ интервьюйы, Лиетувæйы Украинайы минæвар Петр Бешта райхъусын кодта.
«Уый план кæнæм. Фыццаг цы нæ бахъæуа у, хонæн, Уымæн æмæ Украина нæу НАТО-йы уæнг. Ныфс дарæм, райсдзыстæм æй æмæ Украинайы хæсты фæдыл уавæры кардиналон ивддзинады ныфс нæ ис» райхъусын кодта дипломат куы йæ бафарстой, ацæудзæн æви нæ Зеленски саммитмæ уый дзуаппæн.
Уыимæ, Украинайы минæвар банысан кодта, цæмæй Вильнюсы фембæлдыл дырыс формулировкæмæ æнхъæлмæ кæсынц НАТО-йы уæнгсуæвыны фæдыл.
«Вильнюсы фембæлдыл æнхъæлмæ кæсæм тынг дырыс формултировкæмæ, цæмæй куыддæр хæст фæуыдзæн афтæ уайтагъд Украина суыдзæн АНТО-йы уæнг», – райхъусын кодта Лиетувæйы Украинайы минæвар.
Украинамæ Уæрæсейы егъаумасштабон интервенцийы фæстæ Володимир Зеленски визиттæй уыдис АИШ-ы, Стыр Британийы, Францы æмæ Брюсселы. Минæвары дзырдæй, зæгъгæ ацы визиттæ, кæцы 2022 азы кæрон райдыдта, уæлвæтк уыдысты, уымæн æмæ Зеленски Киевы хъуамæ уа.