Лиетувæйы ног президент, Гитанас Науседа парламенты ард бахордта. 55 аздзыд Гитанас Наусэда президентон фондз азон æмгъуыд райдайæн дзырдратта, цæмæй зæгъгæ бæстæйы ахуырады системæй фæхуыздæр кæнын бацархайдзæн æмæ регионы уæвæг æнæмсæрады ныхмæ тох кæндзæн. Æддаг политикъæйы тыххæй та, Лиетувæйы ног президент райхъусын кодта, цæмæй бæстæйы сæйраг курс фæстæмæ уыдзæн евро-атлантикон интеграци.
Лиетувæйы президентон æвзæрстытæ 2019 азы майы ацыдысты. Дыккаг туры раздæры банкир Наусэда æвзæрстгæнджыты хъæлæсты 74 проценты æрымбырд кодта, йæ конкурент Ингрида Симмоните та – æрмæст 26 проценты. Гитанас Наусэда Балтийыбылы «Æфсæйнаг Ледийæ» хуынд Далия Грибаускайтейы фæивдта.