Лиетувæйы æмæ Эстонийы фæсарæн хъуыддæгты министртæ публикаци кæнынц Гуырдзыстоны æмбæстæгты номхыгъд, кæцытæн сæ бæстæтæм бацæуыны бар нæ уыд
Лиетувæйы æмæ Эстонийы фæсарæн хъуыддæгты министртæ публикаци кæнынц Гуырдзыстоны æмбæстæгты номхыгъд, кæцытæн сæ бæстæтæм бацæуыны бар нæ уыд

Лиетува æмæ Эстони публикаци кæнынц Гуырдзыстоны æмбæстæгты номхыгъд, кæцытæн бæстæтæм бацæуын тобæгонд уыд.

Уый фæдыл социалон хызагы Лиетувæйы æттаг хъуыдтæгты министр Габриелиус Ландсбергис æмæ Эстонийы æттаг хъуыдтæгты министр Маргус Цахкна ныффыстой.

Лансбергис куыд банысан кодта афтæмæй, номхыгъды уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн санкцитæ сæххæст кодтой адæймагы барты хæлдтыты бæрндзинады тыххæй.

Номхыгъды сты Бидзина Иванишвили, Вахтанг Гомелаури, Шалва Бедоидзе, Иосеб Челидзе, Александре Дарахвелидзе, Гиоргий Бутхузи, Звиад Харазишвили, Миллер Лагазаури, Мирза Кезевадзе, Важа Сирадзе, Теймураз Купатадзе.

Информацийы тыххæй, Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министр, Габриелиус Ландсбергис абон социалон хызагы ныффыста, цæмæй æртæ Балтиаг бæстæ сразы сты «Гуырдзыстоны легитимон протестты æруромыны хайадисджытæн националон санкцитæ снысан кæныныл». Ацы расидæн социалон хызагы Эстонийы фæсарæн хъуыддæгты министр Маргус Цахкна дæр апарахат кодта.