Ахуырады министры хæдивæгы Лиа Гигаурийы фидиуæнæй, фæдагуырд рабæрæг кæндзæн уыдис æви нæ гæнæн знон Тбилисы Хоравайы уынгыл æрцæугæ фактæй хи аиуварс кæнын.
«Ацы трагедиæй хибахизын ны бон бауыдаит, йæ размæ сырæзт уавæры тыххæй куы зыдтаиккам уæд. Фæдагуырд бавдисдзн æххæст информаци уый фæдыл цы æрцыд æмæ нæм уæд фæзындзæн фадат, нæ зæрдыл бадарæм уыцы детæлттæ, кæцытæ гæнæн ис æмæ нæ превенцийæн бахъæуа»- расидтис Лиа Гигаури.
ЙÆ ныхæстæм гæсгæ, ахуыргæнинаг кæцы рынчындоны уæвы, ацы рæстæгмæ ис стабилонæй уæззау уавæры.
«знон йын сырæзт операи. Стыр ныфс мæ ис цмæй бафæраздзæн 48 сахатон кризисæн æмæ радзæбæх уыдзæн.
Сегасæй нысаниуæгджындæр у сывæллоны цард æмæ æдасдзинад, уый тыххæй дæр ахæм трагедитæй нæхи бахизыны инструмент фæстæмæ ахуырадон процесс, превентивон мадзæлттæ хъуамæ уа. Уый цыдæриддæр арæзт цæуы, 10 хатт фылдæр хъуамæ саразæм, информацион кампани ауадзæм, ахуыргнинæгты уагахасты мониторинг æнææомæст скъолайы мидæгæй, фæлæ ма скъолайы фæстæ дæр хъуамæ адарддæр уа» расидтис Лиа Гигаури.