Хоравайы уынгыл фæцæфуæвæг дыккаг скъоладзау республикъон рынчындоны æрбамард

Хоравайы уынгыл  фæцæфуæвæг  дыккаг скъоладзау республикъон рынчындоны æрбамард.  Цъус рæстæгмæ,  республикъон рынчындоны  уый фæдыл журналисттимæ  комментари сараздзысты.

МХМ-ы  хъусинагæй,  Тбилисы Хоравайы  уынгыл  фыццаг  декабры  æнахъомты æхсæн  сырæзт хыл. Развæлгъау информацийæ,   быцæудзинады рæстæджы, цыргъгæй  ныццавдтой 2001 азы гуырд Д.С.  æмæ 2001 азы гуырд  Л.Д.-йы

Æрцæугæ фактмæ гæсгæ, фæдæвзарæн  райдыдта  Тбилисы  полицийы  департамент Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы  108-æм  статийæ (барæй марындзинад).