Леван Жоржолиани – Сæйраг автомагистралтæ зæгъæн ис æмæ ссыгъдæг сты, архайæм алы хъæуы центртæм бахæццæ уæм, кæцæй мэры минæвæрттæ цæрджытæн медикаменттæ æмæ хойраг фæхæццæ кæндзысты
Леван Жоржолиани – Сæйраг автомагистралтæ зæгъæн ис æмæ ссыгъдæг сты, архайæм алы хъæуы центртæм бахæццæ уæм, кæцæй мэры минæвæрттæ цæрджытæн медикаменттæ æмæ хойраг фæхæццæ кæндзысты

Метеорологион уавæртæ фæхуыздæр сты, их нал уары, кæцы иттæг хорз у æрдзон фыдбылызтимæ тохы æрдгæй, уый тыххæй дæр ирвæзынгæнæн операцитæм ис баст вертолет, – уый фæдыл Гуриайы журналисттæн хицауады администрацийы къухдариуæггæнæг Жоржолиани Леван расидтис.

Леван Жоржолиани куыд банысан кодта афтæмæй, мидхъуыдтæгты министрады профилон сæрмагонд дæлхайад вертолеты фæрцы уыцы адæймæгтæн баххуыс кæндзæн, кæцыты хъæутæм нырма дæр зын бацæуæн у.

“Сæйраг трассæтæ, зæгъæн ис, æмæ ссыгъдæг сты. Районы мидæггаг фæндæгтæм та цы хауы, уыдон сты хъæуты мидæггаг фæндæгтæ. Ам кусын у тынг зын”. Архайæм, цæмæй алы хъæуы центр æмæ централон хаймæ бахæццæ уæм, цыран сæйраджыдæр сты административон бæстыхæйттæ, зæгъæм, сывæллæтты цæхæрадæттæ æмæ скъолатæ, æмæ сырæза ахæм базæ, кæцыйæ мэры минæвæрттæ хостæ æмæ хæлцад фæхæццæ кæндзысты цæрджытæн, кæцыты сеппæтæй тынгдæр хъæуы. “Æртæ муниципалитетмæ дæр æрбахæццæ сты цалдæр прицепы æнæмæнгхъæуæг фыццаг æххуысы фæрæзтæй уæзгонд, кæцытæ сты æнæмæнгхъæуæг ахæм уавæрты”, — загъта хицауады администрацийы сæргълæууæг.