«Лелойы» уæнгтæ Лана Галдава, Леван Къоберидзе æмæ Леван Самушиа зылды-æвзарæнон комисситы цур айтынггонд фæзындты тыххæй брифинг раттой.
Сæ ныхæстæм гæсгæ, зылды коммиситы хъастыты кæсын цæуы закъонхæлдæй, партийы минæвæртты æмæ кандидатты та процессмæ баиу кæнын нæ уадзынц.
«Лелойы» лидертæ хъусын кæнынц, цæмæй хъæлæсты бахъахъхъæнынæн спайда кæндзысты алы барадон амæлттæй, параллелонæй та иу кæнынц уынджы акцитæм.
«Нæуырнинаг хабæрттæ цæуынц зылды-æвзарæнон комисситы, нæ иу хъаст дæр не ркастысты, цыдæр æрымысгæ æфсонæй. Барадимæ, закъонимæ æмæ рæстдзинадимæ ай æппæтæн ницы иумæйаг ис, хъастытæ ныууагъдтой æнæкастæй. Минæвар уыдис официалонæй зылды комиссийы æмæ йын дзурынц, цæмæй æнæххæстбар уæнг у. Алцыппæт хæссынц сæ сæрмæ, фæлæ сабырæй конституцийы фæлгæтты гуырдзиаг адæм фæуæлахиз уыдзæн», – фехъусын кодта Самушиа.