Леван Самушиа -  зылды комисситы  хъастытæ кæсынц  закъонхалгæйæ
Леван Самушиа - зылды комисситы хъастытæ кæсынц закъонхалгæйæ

«Лелойы» уæнгтæ  Лана Галдава, Леван Къоберидзе  æмæ  Леван Самушиа  зылды-æвзарæнон  комисситы цур  айтынггонд фæзындты тыххæй  брифинг раттой.

Сæ ныхæстæм гæсгæ, зылды  коммиситы  хъастыты  кæсын   цæуы   закъонхæлдæй, партийы   минæвæртты  æмæ кандидатты та  процессмæ  баиу кæнын нæ уадзынц.

«Лелойы» лидертæ хъусын кæнынц, цæмæй   хъæлæсты бахъахъхъæнынæн  спайда кæндзысты  алы барадон  амæлттæй,  параллелонæй та  иу кæнынц   уынджы акцитæм.

«Нæуырнинаг   хабæрттæ цæуынц   зылды-æвзарæнон   комисситы,  нæ иу  хъаст дæр  не ркастысты, цыдæр æрымысгæ  æфсонæй.  Барадимæ, закъонимæ  æмæ  рæстдзинадимæ   ай æппæтæн   ницы   иумæйаг ис,  хъастытæ  ныууагъдтой  æнæкастæй.  Минæвар уыдис официалонæй  зылды  комиссийы  æмæ йын дзурынц,  цæмæй  æнæххæстбар уæнг у.  Алцыппæт хæссынц  сæ  сæрмæ,  фæлæ  сабырæй  конституцийы фæлгæтты   гуырдзиаг адæм фæуæлахиз уыдзæн», – фехъусын кодта  Самушиа.