Леван Махашвили – Кæд Гуырдзыстонмæ æрцæугæ европарламентаритæн ис хæларадон фæндтæ, уæд парламент гом уыд æмæ уыдзæн семæ фембæлынæн æмæ æмкуысткæнынадæн.
Мах фехъуыстам ацы адæймæгты боны фæтк, цы аразынмæ хъавынц Гуырдзыстоны. Æцæгæй та, кæд сæ фæнды Гуырдзыстоны æнæниз политикон процесс, уæд иттæг хорз зонынц, кæм хъуамæ ауадзой фембæлдтæ. Уыдонæн парламент гом у, кæд сæ фæнды, уæд сæ бон у æрцæуой æмæ цыфæнды фарстайыл æруынаффæ кæной, – уый фæдыл парламентон фылдæры хайы уæнг, Махашвили Леван Гуырдзыстонмæ цалдæр депутаты визиты фæдыл расидтис.
Махашвилийы ныхасмæ гæсгæ, хъыгагæн, къухдариуæггæнæг къорд æнхъæлмæ кæсы, цæмæй ацы адæймæгтæ æрцæудзысты Гуырдзыстонмæ, цæмæй ноджы фылдæр ахъаз кæной эскалацийы.
«Цыфæнды ма уа, цы пълан сæм ис æмæ цы адæмимæ æмбæлынц, афтæ дæр цы расидæнтæ сарæзтой, хъыгагæн, нæ дæттынц ныфс, цæмæй ацы адæймæгтæ æрцыдысты æнæниз политикон процессты парахат кæнынмæ. Кæд æмæ сæм ис хорз æмæ хæларадон фæндтæ Гуырдзыстоны фæдыл, уæд парламент гом уыд æмæ уыдзæн семæ фембæлынæн æмæ æмкуысткæнынадæн», – расидтис Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналæн Махашвили Леван.