Леван Изориа – «Джавелинты» системæ нырид æххæстæй нæм æрхæццæ ис
«Джавелинты» системæ нырид æххæстæй балхæдтам æмæ æнæхъæнæй сты Гуырдзыстоны – уый фæдыл хъахъъæнынады министр Леван Изориа парламенты дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
«Райдыдтам танкъыныхмæ нырыккон системæты балхæд. Фæнды мæ ацы бæрзонд трибунæйæ зæгъын уын, цæмæй «джавелинты» системæ æххæстæй балхæдтам æмæ æнæхъæнæй сты Гуырдзыстоны» -райхъусын кодта Леван Изориа.
Афтæдæр йæ информацийæ, ацы аз рауæлдай ис 23 милуан, аналогион суммæ рахицæнгонд уыд Америкæйы Иугонд Штатты æрдгæй дæр, хæрдмæтæхджыты ремонты æмæ модернизацийæн. «Ацы суммæ зæгъæн ис у 50 милуан лари»- банысан кодта Леван Изориа.
АМерикаг «джавелины» фыццаг хатт Гуырдзыстонмæ 2017 азы августы уагъд бирæнацион ахуыр «Аккаг Партнеры» (Nobel Partner) рæстæджы æрластой.