Леван Иоселиани – цалдæр дæсой адæймаг куы æрæхгæнынц змæлд, уæд легитимон у сæ фæндагæй ахизын кæнын, æрцахсты рæстæджы пæлицæйы æрдгæй уыдис  уæлдайджын тыхæй  архайд
Леван Иоселиани – цалдæр дæсой адæймаг куы æрæхгæнынц змæлд, уæд легитимон у сæ фæндагæй ахизын кæнын, æрцахсты рæстæджы пæлицæйы æрдгæй уыдис уæлдайджын тыхæй архайд

Цалдæр дæсгай адæймаг  кæм æрæхгæнынц змæлд, кæй зæгъын æй хъæуы, пропорционæй, легитимон у сæ фæндагæй аиуварс кæнын – уый фæдыл Гуырдзыстоны æхсæнадон хъахъæнæг, Леван Иоселиани расидтис.

Цыдæриддæр та Меликишвилийы проспектыл полицийы архæйдтытæм хауы, Йоселианы аргълæвæрдмæ гæсгæ, полицийы æрдгæй тыхы уæлдай уыд.

Уымæй дарддæр ма, Леван Иоселиани дзуапп ратта акцийы хайадисджытæ медийы минæвæртты профессионалон тыгъдадæн хъыгдарæг цаутæн.

Иоселианийы ныхасмæ гæсгæ, медийы ныхмæ цыфæнды хуызы тыхмидзинад нæй барлæвæрд.

«Медийæн хъуамæ лæвæрд æрцæуа фадат сæ архайдтытæ сæрибар уавæры æххæст кæной. Цыфæнды хуызы тыхми кæнæ медийы хъыгдард нæй бар. Ноджы иу хатт сфæлхатт кæндзынæн æмæ æхсæнады æмбарынадæн зæгъдзынæн, медийы минæвæрттимæ цыфæнды хъыгдард, кæцытæ сæ профессионалон архайд æххæст кæнынц, у уголовон фыдракæнд», – расидтис Леван Иоселиан.

Рымысын уын кæндзыстæм, цæмæй ацы рæстæгмæ акци Меликишвилийы проспектыл цæуы. Уый размæ митингы архайджытæ уыдысты ТГУ-йы алфамбылай. Райсомæй мидхъуыдтæгты министрад митингы хайадисджытæм æмæ организатортæм æрсидтис, цæмæй территори суæгъд кæной искусственон арæзтæдтæй, мауал кæной фæндагон змæлдыл демонстрацитæ æмæ закъонæй снысангонд арæнты мидæг протест кæной. Митингы организатортæн æмæ хайадисджытæн Мидхъуыддæгты министрады минæвæрттæ радтой 15 минуты фæндаг ссыгъдæг кæнынæн, уый фæстæ барадхъахъхъæнджытæ ахызтысты ТГУ-йы фарсмæ цы фæзуат ис, уырдæм. Митингы хайадисджытæ цы территори бацахстой, уый барадхъахъæнджыты руаджы искусственон арæзтæдтæй ссæрибар кодтой. Митингы хайадисджыты иу хай Меликишвилийы проспекты æрдæм, иннæ хай та Чъавчъавадзейы проспекты æрдæм ист æрцыд. Уымæй дарддæр ма барадхъахъæнджытæ митингы цалдæр хайадисæджы территорийæ ракодтой.