Леван Давиташвили – Хицауады уынаффæйæ, сбæрæги «Анаклиайы Сау денджызы арфдойнаг наулæууæны арæзтады, куысты æмæ ралæвæрды фæдыл» проекты сыххæсты этаптæ
Гуырдзыстоны экономикæйы министр Деван давиташвилийы фидиуæнæй, хицауад абоны рабадтыл рахаста уынаффæ, кæцыйæ дæр сбæрæг ис, «Анаклиайы Сау денджызы арфдойнаг наулæууæны арæзтады, куысты æмæ ралæвæрды фæдыл» проекты сыххæсты этаптæ.
Давиташвилийы дзырдæй, зæгъгæ фарстайыл куыст цалдæр мæйы дæргъы цыдис. Йæ ныхæстæм гсгæ, максималонæй цыбырдæр æмгъуыдтæм райдайдзæнис хицæн партнерты равзæрсты процесс.
«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, иттæг нысаниуæгджын у, раст бæрæг уа модел, цы формæйæ уыдзæн паддзахады æрдгæй, кæнæ хицауады хайад проекты сыххæсты. Уый критиконæй нысаниуæгджын у, цæмæй проект æнтыстджынæй сыххæст уа æмæ нын уа ахæм фæстиуджытæ, кæцы нæ алкæйдæр хъæуы. Фæнды нæ нырыккон портон инфраструктурæ нын уа, кæцы бæстæйы транзитон потенциалæй спайда кæнынæн лæггад кæндзæн, нæ бæстæйы интерестæн æмæ уæргъты зилдух Гуырдзыстоны къæлидоры ноджы райрæзын кæндзæн. Интерес стыр у. Цæугæ азы нын уыд бирæ фембæлдтæ, уый нымæцы уыдис тынг ставд Абу-Дабийы портты минæвæртты делегаци, кæцы бынатыл æрзонгæ ис проектимæ. Абон дæр нын ис Персы бакæлæны цалдæр делегациимæ фембæлдтæ æмæ уынаффæ. Афтæдæр зонут, цæмæй рæнхъ визиттæ уыдис Централон Азийы бæстæтæм, кæцытæ афтæдæр цымидис кодтой ацы портæй æмæ портон инфраструктурæйæ. Уымæ æмбæлгæйæ дæр хъуыды кæнæм, ацы бацæттæгæнæн этап министрад æнтыстджынæй ауагъта, цæмæй ахизæм ног этапмæ æмæ бацæттæ кæнæм интерестæ равдысты формалон процедурæтæ», – райхъусын кодта Леван Давиташвили.