Леван Давиташвили – Хицауады уынаффæйæ, сбæрæги «Анаклиайы  Сау денджызы арфдойнаг наулæууæны арæзтады, куысты æмæ  ралæвæрды фæдыл»  проекты сыххæсты этаптæ
Леван Давиташвили – Хицауады уынаффæйæ, сбæрæги «Анаклиайы Сау денджызы арфдойнаг наулæууæны арæзтады, куысты æмæ ралæвæрды фæдыл» проекты сыххæсты этаптæ

Гуырдзыстоны экономикæйы министр Деван давиташвилийы  фидиуæнæй,   хицауад   абоны рабадтыл  рахаста уынаффæ, кæцыйæ дæр сбæрæг ис, «Анаклиайы  Сау денджызы арфдойнаг наулæууæны арæзтады, куысты æмæ  ралæвæрды фæдыл»  проекты сыххæсты этаптæ.

Давиташвилийы дзырдæй,  зæгъгæ  фарстайыл куыст цалдæр мæйы дæргъы  цыдис. Йæ ныхæстæм гсгæ, максималонæй  цыбырдæр æмгъуыдтæм райдайдзæнис  хицæн  партнерты равзæрсты процесс.

«Мæ  хъуыдымæ гæсгæ,  иттæг нысаниуæгджын у, раст бæрæг  уа   модел, цы формæйæ  уыдзæн   паддзахады æрдгæй,  кæнæ   хицауады хайад проекты  сыххæсты.   Уый критиконæй нысаниуæгджын у, цæмæй  проект æнтыстджынæй  сыххæст уа æмæ  нын уа  ахæм фæстиуджытæ, кæцы нæ  алкæйдæр хъæуы. Фæнды нæ нырыккон  портон   инфраструктурæ нын уа, кæцы бæстæйы  транзитон  потенциалæй  спайда кæнынæн  лæггад кæндзæн, нæ бæстæйы интерестæн æмæ  уæргъты  зилдух Гуырдзыстоны къæлидоры ноджы райрæзын  кæндзæн. Интерес  стыр  у. Цæугæ азы нын уыд  бирæ фембæлдтæ, уый нымæцы  уыдис  тынг ставд  Абу-Дабийы  портты минæвæртты делегаци, кæцы бынатыл æрзонгæ ис  проектимæ. Абон дæр  нын ис  Персы  бакæлæны  цалдæр  делегациимæ фембæлдтæ æмæ уынаффæ.  Афтæдæр зонут, цæмæй   рæнхъ визиттæ  уыдис Централон Азийы  бæстæтæм, кæцытæ афтæдæр цымидис кодтой  ацы портæй æмæ   портон инфраструктурæйæ.  Уымæ æмбæлгæйæ  дæр хъуыды кæнæм, ацы  бацæттæгæнæн этап  министрад æнтыстджынæй ауагъта, цæмæй ахизæм  ног этапмæ  æмæ бацæттæ кæнæм  интерестæ равдысты формалон  процедурæтæ», – райхъусын кодта Леван Давиташвили.