Экономикæ æмæ æнæцудгæ райрæзты министр Леван Давиташвилийы фидиуæнæй, Гуырдзыстон, санкциргонд нефт не лхæны. Афтæма йæ дзырдæй, Гуырдзыстон санкцитæ æххæст кæны максималон бæрнæй æмæ ацы æрдгæй иунæг фиппаинаг дæр нæ райста.
Леван Давиташвили фæнысангонд комментарийæ дзуапп ратта фарстæн,к æцы æххæссыд «Националон Змæлды» уæнг Леван Хабеишвилийы фидиуæнæн, кæцыйы мидæг Хабеишвили Гуырдзыстонмæ Уæрæсейæ, санкциргонд нефты æрласыныл ныхас кæны æмæ «Висол Къорды», «Арагви «Импексы» зылынджын кæны æмæ компанитæй реагиркæнын домы.
Леван давиташвили хицауады администрацийы лæвæрд брифингыл куыд загхта афтæмæй, фæнысангонд компанитæ цы нефт балхæдтой уый санкциргонд нæу.
«Иттгæ нысаниуæгджын у, дырыс райхалæм æмæ мæ фæнды æххæст бæрнæй банысан кæнын, цæмæй Гуырдзыстон, санкциргонд нефт не лхæны. Гуырдзыстон санкцитæ æххæст кæны максималон бæрнæй. Ацы æрдгæй Гуырдзыстоны æрдæм иунгæ фиппаинаг дæр нæй. Конкретонæй ацы компаниты æлхæд нефт нæу санкциргонд, ахæм нефты æлхæнынц æхсæнадæмон дзыллæйы тынг бирæ бæстæ, сæ нымæцы Гуырдзыстоны дæр коммерцион компаниты уынаффæтæ хаст цæуынц уыцы практикæмæ æмбæлгæйæ, кæцы ис.
Сæххæст механизмты тыххæй куы зæгъæм, ацы æрдгæй дæр Гуырдзыстоны таможнæ структурæтæм уыд стратегион партнертимæ конкретон куыст. Алы паддзахадон уагдон, æндæр æмæ æндæр министрады минæвæрттæ уыдысты стратегион партнер бæстæты эксперттимæ иумæ юбаст процессы, санкциты конкретон сæххæсты механизмты фæдыл æмбарынгæнæнтæ куы уыд арызт уæд. Уынаффæтæ, уый нымæцы нефты кæнæ нефтпродуктты æрдгæй, разыгонд сты, бахыгъдгонд æмæ разыгонд у нæ партнертимæ» – райхъусын кодта Леван Давиташвили.