Леван Давиташвили – Гуырдзыстон санкциргонд нефт не лхæны
Леван Давиташвили – Гуырдзыстон санкциргонд нефт не лхæны

Экономикæ æмæ  æнæцудгæ райрæзты министр Леван Давиташвилийы  фидиуæнæй,  Гуырдзыстон, санкциргонд нефт не лхæны. Афтæма йæ  дзырдæй,  Гуырдзыстон  санкцитæ æххæст кæны максималон бæрнæй æмæ ацы æрдгæй иунæг  фиппаинаг дæр нæ райста.

Леван Давиташвили  фæнысангонд комментарийæ  дзуапп ратта  фарстæн,к æцы æххæссыд  «Националон Змæлды» уæнг Леван Хабеишвилийы  фидиуæнæн, кæцыйы мидæг Хабеишвили  Гуырдзыстонмæ Уæрæсейæ,  санкциргонд нефты  æрласыныл ныхас  кæны  æмæ «Висол Къорды», «Арагви «Импексы» зылынджын кæны  æмæ компанитæй  реагиркæнын домы.

Леван давиташвили хицауады администрацийы  лæвæрд брифингыл куыд загхта афтæмæй, фæнысангонд компанитæ цы нефт  балхæдтой  уый  санкциргонд нæу.

«Иттгæ нысаниуæгджын у,  дырыс райхалæм  æмæ мæ фæнды æххæст бæрнæй   банысан кæнын, цæмæй Гуырдзыстон, санкциргонд нефт не лхæны. Гуырдзыстон  санкцитæ æххæст кæны  максималон бæрнæй.  Ацы æрдгæй  Гуырдзыстоны æрдæм иунгæ фиппаинаг  дæр нæй.  Конкретонæй  ацы компаниты æлхæд  нефт  нæу  санкциргонд, ахæм нефты æлхæнынц æхсæнадæмон дзыллæйы  тынг бирæ  бæстæ, сæ нымæцы  Гуырдзыстоны дæр  коммерцион  компаниты уынаффæтæ  хаст цæуынц  уыцы  практикæмæ æмбæлгæйæ,  кæцы  ис.

Сæххæст механизмты тыххæй куы зæгъæм, ацы æрдгæй дæр Гуырдзыстоны  таможнæ  структурæтæм  уыд  стратегион    партнертимæ  конкретон   куыст.  Алы  паддзахадон уагдон, æндæр æмæ æндæр  министрады минæвæрттæ  уыдысты  стратегион   партнер бæстæты  эксперттимæ иумæ  юбаст процессы, санкциты  конкретон   сæххæсты механизмты фæдыл æмбарынгæнæнтæ  куы уыд арызт уæд.  Уынаффæтæ, уый нымæцы нефты  кæнæ  нефтпродуктты æрдгæй,  разыгонд сты,   бахыгъдгонд æмæ   разыгонд у  нæ партнертимæ» – райхъусын кодта Леван Давиташвили.