Леван Давиташвили - Ахметайы муниципалитеты хъуты ихуардæй зианбаййафæг цæрджытæн зиангонд сæнæфсиры реализацийы проблемæ нæ уыдзæн
Ахметайы муниципалитеты хъуты ихуардæй зианбаййафæг цæрджытæ зиангонд сæнæфсиры минималон хардзæй бынатыл, Ахметайы ауæй кæндзысты – уый фæдыл Телауы райхъусын кодта æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министр Леван Давиташвили.
«Зноны стихийы фæстæ арызт штабæн иугæндзон контакт ис компанитимæ, кæцытæ спирты рауадздзысты. Цæрджытæ н сæнæфсир ауæйы проблемæ нæ уыдзæ æмæ сом сæумæрайсомæй райдайдзысты сæнæфсир тонын» – райхъусын кодта Давиташвили.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, штаб уæлвæтк режимæй адарддæр кæндзæн кусын, кæцы срæвдз кæндзæн феремерты æмæ æлхæнæг компаниты коммуникаци.
Афтæма министр фермертæн æрсидтис, агрофæдзæхстæй спайда кæнынмæ.
Æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министр Леван Давиташвили абон фембæлдзæн зианбаййафæг цæрджытимæ.
Знон сæйраг сахар æмæ Кахеты регионы боныгъæд проблемæтæ сæвзæрын кодта. Сæйрмагондæй та, фидар къæвда ихуардимæ иумæ фуыдис Тианеты, Телауы, æмæ Ахметайы районы иуæй-иу хъæуты –
Кистаурийы Ахшаны æмæ Матаны ихуард æнæхъæнæй скуынæг кодта сæндæттæ, дыргъдон æмæ хъæууон-хæдзарады културæтæ. Афтæма стихий зиан æрхаста Телауы алфæмблæйтты уææг хъæутæ, Шалаури, Кисисхеви æмæ Насамхрали.
Сахар Телауы, стихийы фæстиуæгæн сцад сты цæрæн хæдзæртты фыццаг уæладзыгтæ æмæ ныккæндтæ, централон уынгтыл та базиан асфальтæй æмбæрзæн.