Леван Бежашвили – ис нæм инициативæ, Уæрæсейы æмбæстæгтæн Гуырдзыстонмæ æрбахизыны рæстæджы 1000-ы бæрц оккупацион фидтон снысан кæныны фæдыл
Нæ парти æмæ парламентон фракци рацыдинициативæйæ, ома «Оккупацийы фæдыл закъонмæ» хаст уа ивддзинæдтæ, фæнысангонд закъонопроект йæ хъуыдыйы дары Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæн Гуырдзыстоны территоримæ æрбацыды рæстæджы оккупацион фидтоны хæс. Оккупацион суммæйы ларитæй уыдзæн 1000 лари алы æмбæстагыл, – уый фæдыл «Националон Змæлды» уæнг Леван Бежашвили райхъусын кодта.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ фæнысангонд фидтонæй, иу æрдгæй гарантиргонд уыдзæн Уæрæсейы æмбæстæгты æрдгæй уый банымад, ома Гуырдзыстоны территори оккупацигонд у Уæрæсейы æрдгæй æмæ Уæрæсе у агрессор.
«Хицауадæн, дзыллæйæн æнхъарæм конкретон уæззау уавæрæй рацæугæйæ, закондæттæн ивддзинад. Уæрæсейы Федерацийы æрдгæй æмбæстæгты æнæконтрол æдасдзинады фарстатæ, афтæма финансон æдасдзинад æмæ рæнхъ рискытимæ у баст. Уый та расайы æхсæнады рæстг мæстыдзинад æмæ фарсты нысæнтты сæвзæрд. Уымæ гæсгæ дæр нæ парти æмæ парламентон фракци рацыд инифициативæйæ, цæмæй «оккупацийы фæдыл закъонмæ» хаст уа ивдддзинæдтæ, кæцытæй мах сараздзыстæм политикон куырдиат ацы процессмæ гæсгæ. Фæнысангонд закъонопроект йæ хъуыдыйы дары Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæн Гуырдзыстоны территоримæ æрбахизыгы рæстæджы оккупацион фидтон бафидыны хæс. Оккупацион суммæ уыдзæн 1000-ы бæрц алы æмбæстагæн. Ацы фидтоны фæрцы иу æрдгæй Уæрæсейы æмбæстæгты æрдгæй гарантиргонд уыдзæн уый банымад, ома Гуырдзыстоны территори у оккупацигонд Уæрæсейы æрдгæй æмæ Уæрæсе у агрессор. Иурæстæгонæй, уыцы фидтон бæрæг хайæ уыдзæн уромæг фактор дæр, ома сæ кæд нæ фæнды уый банымайын æмæ суммæ бафидын, уæд сæ бон у ма спайда кæной ацы фидтонæй æмæ мауалæдр æрбахизой Гуырдзыстонмæ» – райхъусын кодта Бежашвили.
Депутатты фидиуæнæй, Уæрæсейы æмбæстæгты фыст суммæ Гуырдзыстоны уæвæг лигъдæттыл хъуамæ бахардз уа.
«Ацы фидтоны сфидар кæнын уыдзæн солидарондзинад уыцы лигъдæттæн, кæцытæ бирæ сæдæгай сты Гуырдзыстоны территорийыл. Уымæ гæсгæ дæр ацы фидтоны хæслæвæрдæн уыдзæн арызт лигъдæтты специалонæй лигъдæттæн æххуысы фонд æмæ ацы суммæтæ нысанонæй, лигъдæтты хъæуындзинæдтæн уыдзæн æрвыст. Абоны статистикæйæ, зæгъæн ис 280 мин Уæрæсейы æмбæстаг ис Гуырдзыстоны. Фæстаг дæс боны бæрæггæнæнтæй, нырид зæгъæн ис 80 мин адæймаг æрбахызт Гуырдзыстоны территоримæ, уымæ æмбæлгæйæ, ацы суммæ сфидар кæнынæй, иттæг нысаниуæгджын бюджетон æфтиæгтæ фæзындзæни æмæ ацы суммæтæ лигъдæтты хъæуындзинæдты бахардз уыдзæн. Нæридæгæн чи æрбахызти æмæ ам уæвæг æмбæстæгтыл фæнысангонд хæслæвæрд афтæдæр аххæсдзæни, уымæн æмæ нæ банкон уагдæттæн, мобилон оператортæн, фæдзæхсыны компанитæн, медицинон клиникæтæн æмæ администрацион оргæнтæн бахæс кæндзыстæм, цæмæй æмбæлгæ сервисы рæстæджы, Уæрæсейы æмбæстæгтæй æрдомой фæнысангонд суммæ бафидыны къуитанц, кæцы афтæдæр сифтонг кæндзæн, нырид ам уæвæг æмбæстæгтæн, фæнысангонд суммæ бафидыны хæслæвæрд. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы инициативæ иуæймаг-адæмон инициативæ у. Дзыллæ разы у инициативæимæ, ацы æркуырд конкретон æмбæстæгтæй æмæ сæ æркуырды бындурыл фæзынди. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, «Гуырдзиаг Бæллиццмæ» басидæм, цæмæй баæркæсæд ацы фарста куыд конкретон политикон инициативæты æмæ быцæудзинæдты цæстæнгасæй», – райхъусын кодта Бежашвили.